филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:47 вторник, 08 июля 2025
10 июня 2014, 17:26
Инвалидтæн куыст ссарыны æххуыс кæныны фарстатæм æркаст сæрмагонд координацион комитет

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Зындгонд куыд у, афтæмæй фарста нысангонд у Уæрæсейы Президенты указты, æмæ йæм ис стыр хъусдард.

Инвалидтæн куыст ссарыны æххуыс кæныны фарстатæм æркаст сæрмагонд координацион комитет
Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Зындгонд куыд у, афтæмæй фарста нысангонд у Уæрæсейы Президенты указты, æмæ йæм ис стыр хъусдард. Адæмæн куыст дæттыны республикон комитеты сæрдар Къаболаты Ларисæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны инвалидты иумæйаг нымæц у 72 мин адæймаджы, уыдонæй сæ кармæ гæсгæ куыстхъом сты 18 мины. Фарон къухы бафтыд куыст ссарын 130 адæймагæн, рæстæгмæйы куыстыты та бацархайдтой 467 инвалиды. Комитеты райстой æндæр ахсджиаг лæггæдтæ дæр.

Ног закъонмæ гæсгæ, куыстуаты 35 адæмагæй 100-йы онг куы куса, уæд куысты бынæттæй 3% хъуамæ уой инвалидтæн, 2% та – æнахъом сывæллæттæн. Адæмæн куыст дæттыны комитет бацæттæ кодта, закъоны домæнтæ кæмæ хауынц, уыцы куыстуæтты ног номхыгъд. Уымæ дæр хæстæгдæр рæстæг æркæсдзæн Хицауад.

Хадыхъаты Азæмæт куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт ведомствотæ, куыстуæттæ хъуамæ кусой закъонмæ гæсгæ, ома инвалидтæн куысты бынæттæ хъуамæ æнæмæнг уой. Уымæ йæ цæст бæстондæрæй дардзæн прокуратурæ дæр. Бирæ фарстатæ хауы бынæттон хиуынаффæйадмæ.

Токаты Олег, Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады сæргълæууæджы хæдивæг: «Алагиры районы æнгомæй кусæм адæмæн куыст дæттыны комитетимæ. Ацы аз хъуамæ 5 адæймагæн ссарæм куыст. 2-йæн, мæ бон зæгъын у, ссардтам куыст. Иннæ 3-йæн дæр афæдзы кæронмæ ссарын хъæудзæн. Бутатæй иу сылгоймагæн ссардтам секретары куыст, иннæ адæймагæн йæ гæххæттытæ цæттæ сты. Нæ пълантæ уыдзысты æххæстгонд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania