филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
08 апреля 2014, 17:01
Инвалидтæн сæрмагонд транспорт цæудзæн цалдæр бæлвырд маршрутмæ гæсгæ

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем абон кадджын уавæры 3 ног автобус «ПАЗ»-ты дæгъæлтæ радта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийæн.

Инвалидтæн сæрмагонд транспорт цæудзæн цалдæр бæлвырд маршрутмæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем абон кадджын уавæры 3 ног автобус «ПАЗ»-ты дæгъæлтæ радта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийæн. Дыууæ «Форд»-ы та лæвæрд æрцыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министрадæн. Фидаргонд æрцæудзысты социалон лæггæдтæгæнæн центртæм æмæ ласдзысты, æнæ искæй æххуысæй йæ бон цæуын кæмæн нæу, стæй коляскæтыл чи цæуы, уыцы рынчынтæн.

Автобустæ ифтонггонд сты сæрмагод кусæнгæрзтæй. Схизæн сæм уыдзæн коляскæтыл цæуæг инвалидтæн. Машинæтæ балхæдта РЦИ-Аланийы промышленносты æмæ транспортон политикæйы министрад. Сæ аргъ у 13 милуаны 500 мин сомы.

Ацы аз та сæрмагонд автотранспорт балхæнынæн республикон æмæ федералон бюджеттæй радих кæндзысты фæйнæ 14 милуаны æмæ 500 мин сомы. Дыууæ къуырийы фæстæ, автобустæ рацæудзысты маршруттæм.

Хетæгкаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы промышленносты æмæ транспортон политикæйы министрады сæйраг консультант: «Мах цæ балхæдтам нæ адæмæн, рынчын чи у, уыдонæн. Цæмæй сæ бон уа кæдæм сæ фæнды, уырдæм æнæ искæй æххуысæй цæуын. Ацы автобусты ис ахæм техникæ æмæ дæлæмæ æрцæуы,цæмæй коляскæйыл чи у, уымæн йæ бон уа автобусмæ схизын. Стæй та фæстæмæ йæ бынатмæ ссæуы. Куыд мæм кæсы, афтæмæй сын ныр бирæ æнцондæр уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania