филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:24 суббота, 31 января 2026
09 ноября 2022, 11:17
Инвалидтæн куысты бынæттæн квотæтæ дæттыны закъоны проектыл ныхас цыд хицауады æмбырды

Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй зынгæ фæфылдæр, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн куыст дæттыны организациты хыгъд

Инвалидтæн куысты бынæттæн квотæтæ дæттыны закъоны проектыл ныхас цыд хицауады æмбырды. Афтæ 35 адæймагæй 100 адæймаджы онг кæм фæллой кæны, уыцы куыстуæтты разамонджытæн квотæ дæтдзысты 3 проценты. 100 адæймагæй фылдæр кæм ис, уыдонæн та уыдзæн 2%. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй зынгæ фæфылдæр, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн куыст дæттыны организациты хыгъд. Уый та фадат радта социалон бæрнондзинад фæуæлдæр кæнынæн, æмæ инвалидты бартæ царды уадзынæн. Уымæй дарддæр ма хицауады æмбырды сфидар кодтой цалдæр категорийы адæмæн æххуысы мадзæлттыл. Уыдонмæ хауынц æгуыст адæм, сывæллон чи хъомыл кæны, ахæм сылгоймæгтæ, стæй кусын кæй фæнды, уыцы пенсиисджытæ. Сæрмагонд компенсацитæ дæтдзысты, æндæр горæты ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Хицауады æмбырды ма бæстон æрлæууыдысты, ацы азы 9 мæймæ республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыди, ууыл. Æфтиæгтæ систы 11 миллиарды æмæ 545 милуан сомы. Уымæй дарддæр – фидын кæй нæ хъæудзæн, уыцы фæрæзтæ систы 23 миллиарды 561 милуан сомы. Национ проекттæ царды уадзынæн радих кодтой 7 миллиард сомæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania