филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
27 августа 2021, 11:40
Ираныхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой рæвдауæндоны уæлæмхасæн бæстыхай

Бынæттон цæрджытæн уый у стыр æмæ æхсызгон лæвар, уымæн æмæ рæвдауæндон дзуапп нал лæвæрдта нырыккон домæнтæн

Ираныхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой рæвдауæндоны уæлæмхасæн бæстыхай. Бынæттон цæрджытæн уый у стыр æмæ æхсызгон лæвар, уымæн æмæ рæвдауæндон дзуапп нал лæвæрдта нырыккон домæнтæн. Ныр уавæр аивта. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Ираныхъæу абон бæрæгбондзаст у. Уый хуымæтæджы нæу. Сывæллæтты рæвдауæндонмæ цы уæлæмхасæн агъуыст сарæзтой, уый гом кæнынц кадджын уавæры. Мадзалмæ æрбацыдысты бынæттон цæрджытæ сæ сывæллæттимæ.

Раздæр иу сывæллæттæ мæнæ ацы чысыл агъуысты уыдысты. Ныр та сæ рæстæг æрвитдзсты ног, райдзаст бæстыхайы. Ног агъуыстæй уæлдай ма сарæзтой сывæллæттæн хъазæн фæз дæр. Сабитæ йæ ныридæгæн сфæлтæрдтой. Ног арæзтæдтæ фæзындысты национ проект «Демографи» æххæст кæнгæйæ.

Бæстыхай сарæзтой цыбыр рæстæмæ. Ам уыдзæнис бынат дыууын сабийæн.

Ираныхъæуы зæронд рæвдауæндон рæстæджы домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Зæронд агъуысты та ныр æрбынат кæндзæн хæрæндон.

Ираныхъæу у Цæгат Ирыстоны дæрддзæфдæр хъæутæй иу. Цæры дзы 500 адæймаджы бæрц. Фæлæ бынæттон цæрджытæ рохуаты нæ баззадысты. Ног объекттæ ахæм дæрддзæф хъæуты араздзысты дарддæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania