филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:27 понедельник, 15 декабря 2025
22 апреля 2014, 11:25
«Ирон æвзаджы ахуыргæнæджы» республикон конкурс райдыдта Дзæуджыхъæуы

Йæ архайджытæ æмæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Конкурс арæзт цæуы 15 азы дæргъы. Ацы хатт дзы архайы 9

«Ирон æвзаджы ахуыргæнæджы» республикон конкурс райдыдта Дзæуджыхъæуы
Йæ архайджытæ æмæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Конкурс арæзт цæуы 15 азы дæргъы. Ацы хатт дзы архайы 9 адæймаджы – ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ республикæйы районтæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Се хсæн ис куыд æрыгон, афтæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Сæ дæсныйад æвдисдзысты конкурсы 3 къæпхæны. Ирон æвзаджы хуыздæр ахуыргæнæджы ном сбæрæг уыдзæн 15-æм майы, ирон æвзаджы бон. Уæлахиздзау республикæйы кад хъахъхъæндзæн мадæлон æвзæгты æппæтуæрæсеон конкурсы Мæскуыйы.

Тотраты Владислав, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг: «Куыд кæсут, афтæмæй нæ республикæйы хуыздæр ирон æвзыг æмæ ирон литературæйы ахуыргæнджытæ архайынц, а сæ сæхи раргом кæнын, цæмæй равдисой сæ зонындзинæдтæ ацы ахуырадон æмæ наукон ерысы. Æрмæст наукон æмæ ахуырадон ерыс нæу, фæлæ ма нæ фæнды, цæмæй æхсæнадæн равдисæм, ирон æвзаг æмæ ирон литературæйæн цы кад кæнын хъæуы, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania