филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 среда, 09 июля 2025
11 июня 2014, 17:49
Ирон æвзаджы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæныныл абон ныхас цыди Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур къамисы æмбырды

Архайдтой дзы мадæлон æвзагзонынадмæ бар чи дары, ахуырады къабазы æмæ æндæр бæрнон куыстуæтты минæвæрттæ.

Ныхас цыди цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Се хсæн ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы бон кадджынæй сбæрæг кæнын.

Ирон æвзаджы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæныныл абон ныхас цыди Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур къамисы æмбырды
Ирон æвзаджы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæныныл абон ныхас цыди Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур къамисы æмбырды. Архайдтой дзы мадæлон æвзагзонынадмæ бар чи дары, ахуырады къабазы æмæ æндæр бæрнон куыстуæтты минæвæрттæ. 
Ныхас цыди цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Се хсæн ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы бон кадджынæй сбæрæг кæнын. Республикæйы культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ куыд загъта, афтæмæй нысан кæнынц егъау æмæ ахадгæ бæрæгбон скæнын, стыр делегаци ацæудзæн Лабæмæ. Уым дæр цæудзысты номдзыд поэтæн кадгæнæн мадзæлттæ. Дыккаг фарста баст уыди радио æмæ телеуынынады ирон æвзагыл равдыстытæ фылдæр кæныныл. Филологон наукæты доктор, профессор Хъамболты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй йæ хъуыдымæ гæсгæ, телеуынынады ирон æвзагæн фаг сахаттæ лæвæрд нæ цæуынц. Паддзахадон телерадиокомпани Хъуысаты Тимур йæ дзуаппы загъта, кæд уыцы хъуыддагыл хи фæрæзтæй архайд цæуы, уæддæр мадæлон æвзаг зæрдæйæ чи уарзы, уыцы журналистты фæрцы ирон æвзагыл равдыстытæ ис. Куыд бафиппайдта, афтæмæй мызды бæрц æнæнымайгæйæ куыст цæуы хæрзхъæд ирон равдыстытыл. Ахсджиаг у ирон журналисттæ цæттæ кæныны хъуыддаг. Æркæсын æм хъæуы æвæстиатæй, цæмæй хъæрзхъæд продукци чи уадза, ахæм специалисттæ фаг уа. 
Æмбырды ма ныхас цыди ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ дæсныйад уæлдæр кæныныл. Уымæн дæр ис хицæн сæрмагонд пълан.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania