Рæвдауæндæтты, скъолаты – куыд ахуырадон процессы, афтæ фæсурокты дæр, уæлдæр ахуыргæнæндæтты – студентон æхсæнадон иугондты архайгæйæ. Къæпхæнгай ирон æзаджы рæзтыл архайынц.
Джимиты Кларæйы аргъау ацы сабитæм тынг цымыдисаг фæкаст. Инсценировкæйыл архайгæйæ Дзæуджыхъæуы 176-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой конкурсмæ æмæ райстой фыццаг бынат.
Бекаты Дианæ, Дзæуджыхъæуы 176-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинаг: «Æз дзы уыдтæн амонæг, аргъау та у хъазы цъиу йæ мады куыд агуырдта. Ацы аргъау тынг фæдис нæ зæрдæмæ. равдыстам æй цалдæр хатты æмæ йæ федтой сывæллæттæ дæр, сæ мадæлтæ æмæ сæ фыдæлтæ дæр».
Рæвдауæндоны ис 450 сабийæ фылдæр. Ирон æвзагмæ ам стыр æргом здæхт цæуы. Ахуыр æй кæнынц сывæллæттæ иууылдæр, кæд ирæттæ се ‘ппæт не сты, уæддæр. Семæ кусынц ЮНЕСКО-йы программæмæ гæсгæ. Йæ автор у Джимиты Кларæ.
Коккаты Розæ, Дзæуджыхъæуы 176-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг: «Программæ дихгонд у ахуыртыл æмæ практикæйы. практикæ ома – æвæрæм сценкæтæ, куклаты тетр, стæй цы æмдзæвгæтæ ахуыр кæнæм, уыдон дæр ахуыр кæнæм эмоционалондæрæй æвдисын æмæ сывæллæттæн уый сæ зæрдæмæ тынг цæуы, æмæ сæ цæстытæ дæр раст цæхæртæ фæкалынц, афтæмæй ме мхуызон дзурынц. Хъыгагæн, тынг гыццыл ис ахæм сывæллæттæ, чи зоны, фæлæ уæддæр сты æмæ уый мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Ис кæимæ кусон, ахæмтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ иннæтæ дæр архайынц, фæнды сæ».
Фæсивæды хъуыды хорзыл банымадтой газет «Рæстдзинады» разамынд дæр. Студенттæ рахастой фæндон – проект «Газет газеты» саразын. Фæнды сæ иронау фыссын æмæ сæ уацхъуыдтæ «Рæстдзинады» мыхуыр кæнын. Газеты сæйраг редактор Битарты Маринæйы разамындæй фæсивæды фæнд йæ къахыл слæууыд.
Айларты Эмилия, ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты 4-æм курсы студенткæ: «Мах куы ‘рбацыдыстæм æмæ нæ фæнд куы загътам, уæд нæм ахæм цæстæнгас радардта æмæ загъта, цыдæриддæр нæ бафæнда, уый рауатдзыстæм. Фыццаг номерыл куы куыстам, уæд нын зын уыдис. Уый бæрц зонгæ дæр нæма кодтам, куыд æй скæндзыстæм, цы дзы ныффысдзыстæм, æмæ нын ахæм зæрдæ бавæрдта, алы хатт дæр нæ разæнгард кодта, цæмæй нæ хъуыды сырæза».
Нырма уал фæсивæд «Рæстдзинады» уадзынц æрмæст иу сыф. Фæлæ сæ фидæны фæнды сæ уацхæсджыты нымæц фæфылдæр кæнын æмæ уæд кусдзысты хицæн газет – «Нæ фидæн» аразыныл. Уыдзæн «Рæстдзинады» уæлæмхасæн хай.
Битарты Маринæ, газет «Рæстдзинады» сæйраг редатор: «Сты ирон филологийы факультуты студенттæ, журналистикæйы студенттæ, иронау тынг хорз чи фыссы, уыдон. Фæнды мæ зæгъын, æмæ разæнгардæй кусынц. фæнды сæ кусын æмæ æхсызгонæй уадзынц нæ газеты фарс, хуыйны «Нæ фидæн», зæгъгæ. Æмæ ноджы æхсызгонæй дæр ма мæ фæнды зæгъын уый, æмæ се ‘рмæджыты хъайтартæ сты æрыгон фæлтæр, ахуырдзаутæ, спорты архайджытæ, студенттæ».
6-аздзыд сабитæ æмæ ма раст хистæр кары адæм дæр. Ирон æвзаджы скъола «Бонвæрноны» æнхъæлмæ кæсынц, мадæлон æвзаг базонын кæй фæнды, уыдонмæ се ‘ппæтмæ дæр.
Къадзаты Аидæ, ирон æвзаджы скъола «Бонвæрноны» ахуыргæнæг: «Хъазгæ худгæйæ сын уарзын кæнæм ирон æвзаг. бынтон скъолайы урокты хуызон нын несты, уымæн æмæ æппынæдзух стъолы уæлхъус нæ фæбадынц, кæм гæппытæ, кæм къухы æмдзæгъд, кæм заргæ, кæм кафкæ, алыхуызон хъазгæйæ уарзын кæнæм ирон æвзаг нæ рæзгæ фæлтæрæн».
Ацы проекты автор у ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Къораты Жаннæ. Скъола кусы цалдæр мæйы. Ныридæгæн дзы ирон æвзаг сахуыр кодтой 20 адæймаджы бæрц. Æрыгон педагогтæ ма архайынц социалон проекттæ æххæст кæныныл дæр. Уыдон дæр баст сты ирон æвзаджы райрæзтимæ.
Гугкаты Иринæ
