филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:40 понедельник, 13 мая 2024
13 марта 2013, 11:17
Ирон адæм сбæрæг кодтой сæ ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу – Хоры бон

Ис ын сæрмагонд нысаниуæг. Адæм фæкувынц Хоры Уацилламæ, аз бæркадджын æмæ æрдзон фыдбылызтæй хызт куыд уа, уый тыххæй.

Ис ын сæрмагонд нысаниуæг. Адæм фæкувынц Хоры Уацилламæ, аз бæркадджын æмæ æрдзон фыдбылызтæй хызт куыд уа, уый тыххæй.

Хæтæлдоны Хоры бонмæ цæттæ кæнын райдыдтой райсомæй. Нæлгоймæгтæ дзидзайы куыст кодтой, сылгоймæгтæ чъиритæ фыхтой, фынгтæ æрæвæрдтой. Сыхбæстæ куы æрæмбырд сты, уæд хистæр скуывдта ирон бæгæныйæ.

Хоры бон фæбæрæг кæнынц мартъийы дыккаг дыццæджы. Бæрæгбон ирон адæмæн баззад рагфыдæлтæй. Уыдис ын хъæздыг æмæ цымыдисаг æгъдæуттæ. Адæм-иу куывтой, цæмæй аз бæркадджын уа, æрдзон фыдбылызтæй хызт куыд уой, уый тыххæй.

Датиты Юрий, хъæуы хистæр: «Хоры бон куывдтой сихорыл, хур цалынмæ нæ аныгуылд, уæдмæ. Хоры бон уыд тынг хъæлдзæг бæрæгбон. Сывæллæттæ-иу æрæмбырд сты. Иннæ аз иу кæмæ хъуамæ уыдаид бæрæгбон, уыцы фысымæн-иу сæ кæстæры æрбакодтой, æмæ-иу ын йæ сæрыл рауагътой къуымæл. Бынæй къусыл хæцыдис, æмæ-иу уыцы къусæй хъуамæ схуыпп кодтаид».
Хоры бон фæбæрæг кæнынц алы хъæуы дæр. Алы сыхы иу хæдзар вæййы фысым. Ацы аз адæмæн æгъдау дæттыны рад æрхауд Бæгъиаты бинонтæм. Хистæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй-иу кæд раздæр бæрæгбон цæттæ кæнынмæ фысымтæ сыхбæстæй æмбырд кодтой хор, уæд абон та адæм снывонд кæнынц мысайнæгтæ.
Бæгъиаты Суликъо, бæрæгбоны фысым: «Цудын райдыдтой нæ ирон æгъдæуттæ. Зæронд адæмты фаг æй нал хæссынц. Ууыл фæмæт кæнæм, фæныхæстæ кæнæм, цæмæй йæ дæлдæр ма æруадзæм, Фæлæ нæй, уыцы æгъдау кæстæртæм нал цæуы».

Бæрæгбонæн ма ис ахæм æгъдау. Лæппу кæмæн райгуыры, кæнæ ног чындз цы бинонтæм вæййы, уыцы хæдзар фысымтæн æрбахæссы хъалон. Хъайтмазтæм дæр ивгъуыд аз уыд æхсызгон цау – райгуырд сын лæппу. Ныр бинонтæ сæ кувинæгтимæ æрбацыдысты бæрæгбонмæ, цæмæй хистæртæ сывæллоны Хуыцауыл бафæдзæхсой.
Хъайтмазты Зæлинæ: «Нæ фыдæлтæй нын баззад æгъдау, æмæ скæнынц Хоры куывды фысымтæн 3 чъирийы, карк, æмæ арахъхъ, æмæ сæ бахæссынц лæгты цурмæ. Куы райгуырд, уæд тынг хъыгдард уыд. Реанимацийы уыдыстæм. Хуыцау нын баххуыс кодта, æмæ нын уый тыххæй дæр æмбæлыд уыцы æгъдау скæнын».
Рæстæгимæ бæрæгбоны бирæ æгъдæуттæ рохуаты баззадысты. Фæлæ нæ аивта йæ сæйраг мидис. Адæм сæ зæрдæ дарынц, Хуыцауы ном ссаргæйæ сын, сæ уалдзæджы фæллой фæззæджы хъæздыг бæркад кæй æрхæсдзæн, ууыл.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania