филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:25 воскресенье, 01 февраля 2026
21 октября 2022, 11:19
Ирон æвзаджы райрæзтæн цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдонæй иу у конкурс «Ирон фæндыр»

Фыццаг хатт æй бацæттæ кодтой 7 азы размæ, фæсивæды галуаны хъæппæрисæй

Ирон æвзаджы райрæзтæн цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдонæй иу у конкурс «Ирон фæндыр». Фыццаг хатт æй бацæттæ кодтой 7 азы размæ, фæсивæды галуаны хъæппæрисæй. Уыцы рæстæгмæ йæ архайджыты нымæц кæны фылдæр. Скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ аив бакæсынц Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæнынц зынаргъ призтæй æмæ æхсызгон лæвæрттæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Аив дзырды дæсны æмæ сæрæн чызг. Уыцы миниуджытæй æххæст у Тебиаты Сафирæ. Архайдта конкурс «Ирон фæндыр»-ы. Æрвылазон кæй у, уый тыххæй йæм йæхи фарон дæр цæттæ кодта, фæлæ йæ къах асаста æмæ йæ бон сси бацархайын. Кæй зæгъын æй хъæуы, аивад уарзаг адæймаджы ницы бауромдзæн. Чызгæн йæ ныфс нæ асат æмæ сфæнд кодта ацы аз йæхи бацæттæ кæнын. Йе мдзæвгæ æнтыстджынæй радзырдта. Жюрийы уæнгтæ уыдысты разы.

Тебиаты Сафирæ, конкурсы архайæг: «Ацы æмдзæвгæ сахуыр кофтон фарон æмæ хъуамæ бацархайдтон конкурсы. Фæлæ мын нæ рауад, мæ къах кæй асастон, уый тыххæй. Ацы аз конкурсмæ ма дыууæ къуырийы куы хъуыд, уæд та райдыдтон мæхи цæттæ кæнын. Тынг мæ фæндыд исты бынат райсын. Æххуыс мын кодта мæ ахуыргæнæг. Иннæ аз дæр ма кæд ахæм конкурс уа, уæд та йæм мæхи бацæттæ кæндзынæн».

Конкурс  фыццаг хатт сарæзтой 7 азы размæ. Ахæм хъæппæрис разынд фæсивæды галуаны кусджытæм. Уыцы рæстæгмæ архайджытæ кæнынц фылдæр. Ацы аз сты 220 адæймаджы. Фæархайынц дзы куыд скъоладзаутæ, афтæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ дæр. Цохъты Зауыр  конкурсы тыххæй куы базыдта, уæд ын йæ ахуыргæнæг равзæрста æмдзæвгæ æмæ райдыдта йæхи цæттæ кæнын.

Архайджыты хъуыд сахуыр кæнын Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Уырыссагау æви иронау, уый æвзæрстой сæхæдæг. Зауыр равзæрста æмдзæвгæ «Мыст æмæ тæрхъус».

Цохъты Зауыр, конкурсы архайæг: «Конкурсмæ цæттæ кодтон тынг бирæ. Ме фдзæвгæ хуыйны «Мыст æмæ тæрхъус». Равзæрста мын æй мæ ахуыргæнæг. Бацархайдзынæн, цæмæй иннæ аз дæр ацы сценæйы уон. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд».

Республикон къæпхæны размæ алы архайæг дæр йæ арæхстдзинад æвдыста районы. Алкæмæн дæр аргъ кæнынц йæ кармæ гæсгæ. Рæвдауæндоны сывæллæттæ архайдтой 3 азæй 6 азы онг кæуыл цæуы, уыдон, скъоладзауты та адих кодтой хистæртыл æмæ кæстæртыл. 6 азæй 12 азы онг æмæ 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты хцайы фæрæзтæй. Уымæй уæлдай ма цæттæ сты жюрийы сæрмагонд призтæ дæр.

Хуыгаты Хъазыбег, Фæсивæды галуаны администратор: «Æрвылаз скæнæм конкурс. Хуыйны Ирон фæндыр. Фæархайынц дзы скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндæтты сывæллæттæ. Скъоладзаутæ сты 6 азæй 12 азы онг, стæй 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм архайджытæ».

Конкурсы архайджыты нымæц фылдæр кæй кæны, уымæ гæсгæ ацы хатт цæудзæн дыууæ боны. Фæсивæды галуаны хъуысдзысты æрмæстдæр Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Уæдæ конкурс «Ирон фæндыр» дæр хуымæтæджы не схуыдтой. Афтæ хуыйны Иры рухстауæджы æмдзæвгæты æмбырдгонд.

Гæздæнты Сослан, Фæсивæды галуаны разамонæг: «Махæн нæ конкурс у æрвылазон. Ацы аз æй кæнæм 7 хатт. Мæнæн æхсызгон у, абон нæм ноджы фылдæр фæлтæр кæй æрбацыд, уый. Кады гæххæттæй уæлдай ма сæ схорзæхджын кæнæм хцайы фæрæзтæй дæр. Мæнмæ гæсгæ, уый сывæллонæн дæр æхсызгон вæййы».

Ахсджиаг у фæсивæды зæрдæты мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын. Уæлдайдæр та сæ сабибонтæй фæстæмæ. Мадзал саразджытæ дæр уымæн фæсидтысты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania