Скъоладзауты зонындзинæдтæ бæлвырд кæндзысты 2 боны
Ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы республикон къæпхæн цæуы ахуырадон центр «Вершина»-йы. Скъоладзауты зонындзинæдтæ бæлвырд кæндзысты 2 боны: фыццаг бон – ирон æвзагæй, дыккаг бон та – литературæйæ. Архайджытæ сты 9-æм-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Се *ппæт дæр – муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Гæджынаты Дианæ ацы хабæрттæ хорз зоны. Джызæлы 1-æм скъолайы 10-æм къласы ахуырдзау ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы фыццаг хатт нæ архайы. Фарон республикон къæпхæны литературæйæ сси уæлахиздзау. Ныр дæр та æнтыстджынæй йæхи равдыста скъолайы æмæ муниципалон этапы, йæхи бацæттæ кодта, æмæ йæ ныфс ис, кæронбæттæн къæпхæны дæр та йæ къухы уæлахиз кæй бафтдзæн.
Олимпиадæ цæуы 2 боны. Фыццаг архайджытæ сæ зонындзинæдтæ æвдисынц ирон æвзагæй, дыккаг бон – литературæйæ. Зонындзинæдтæ сбæлвырд кæнынæн лæвæрд цæуы 180 минуты. Хæслæвæрдтæ дих кæнынц 3 къордыл – тестытæ, текстимæ куыст æмæ сфæлдыстадон хæс. Бацæттæ сæ кодтой ирон æвзаджы райрæзты центры æмæ ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæныны ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы кусджытæ.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ азæй-азмæ олимпиадæйы архайджыты нымæц рæзы. Ацы аз республикон къæпхæны сæхи фæлварынц 70 адæймагæй фылдæр – 9-æм 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Се ппæт дæр сты муниципалон этапы уæлахиздзаутæ. Архайджыты *хсæн ис ирон æвзаг мадæлон кæмæн у, æмæ кæмæн нæу, ахæм сывæллæттæ.
Олимпиадæйæн хатдзæгтæ скæндзысты хæстæгдæр рæстæг. Уæлахиздзауты æмæ призерты та кадджын уавæры схорзæхджын кæндзысты ирон æвзаджы бон.
