филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
17 мая 2021, 12:07
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон сбæрæг кодтой студи «Фæндиаджы»

Уымæн æмæ арæзт фæцæуынц алыхуызон мадзæлттæ

Ирыстоны æмæ ирон æвзаджы бæллиццаг фидæн аразгæ у куыд хистæртæй, афтæ кæстæртæй дæр. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон уый бæлвырддæр бæрæг вæййы. Уымæн æмæ арæзт фæцæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Сæ нысан та у иу – бахъахъхъæнын нæ рæсугъд мадæлон æвзаг. Иу ахæм зæрдæмæдзæугæ сфæлдыстадон фембæлд расидтысты сывæллæтты рæзты студи «Фæндиаджы», æмæ йæм хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Æрмæст ирæттæ нæ, фæлæ ма иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр зарынц. Сывæллæтты сфæлдыстады рæзты студи «Фæндиаджы» ирон авзаг ама литературæйы бонмæ бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ.

Студийы сывæллæтты ахуыр кæнынц Берлицы методмæ гæсгæ. Æппыныдзухдæр семæ дзурынц иронау, цæмæй æвзагыл тагъддæр фæцахуыр уой, уый тыххæй.

Студийы фæстæ сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ бацæуынц Алайнаг гимнзмæ. Ам алы урок дæр фæцæуы ирон æвзагыл. Бæрæгбонмæ ахуырдзаутæ цæттæ кодтой æнæхъæн къуыри, цыдысты музейтæм, скъолайы та кастысты æмдзæвгæтæ сæ райгуырæн бæстæйы тыххæй æмæ архайдтой алыхуызон викторинæты.

Алайнаг гимназы архайынц, цæмæй сывæллæттæ иронау дзурынæй дарддæр, хъуыды дæр кæной ирон æвзагыл, æмбарой сæ культурæ.

Сывæллæтты журнал «Ногдзауы» та æвзаг уарзын канынц сфæлдыстады хуызы. Сывæллæттæ сæхæдæг фыссынц уацмыстæ журналмæ.

Ирон æвзæг æмæ литературæйы бонмæ журналы социалон хызты фæрсты арæзт æрцыд æмдзæвгæтæ аив кæсыны конкурс.

Сывæллон йæ сабибонтæй фæстæмæ йæ мадæлон æвзагыл ахуыр куы уа, уæд йæ бон уыдзæн йæ сæйраг хæс сæххæст кæнын – ирон æвзаг бахъахъхъæнын. Уыимæ та æнæхъæн адæмыхатт дар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania