Æппынæдзухдæр се нæзæрдæхудт фæллойæ æвдисынц, куыд ахсджиаг у мадæлон æвзагæн аргъ кæнын
Ирон æвзаг парахат кæнын, æмæ йæ райрæзтыл кусын сæ сæйраг нысаныл бирæтæ нымайынц. Уыимæ, ацы бæрæгбонмæ æнхъæлмæ нæ фæкæсынц. Æппынæдзухдæр се нæзæрдæхудт фæллойæ æвдисынц, куыд ахсджиаг у мадæлон æвзагæн аргъ кæнын. Нæ уацхæссæг бацархайдта цымыдисаг æрмæг бацæттæ кæныныл. Фæныд æй аныхас кæнын алы къабæзты минæвæрттимæ. Бафарста сæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ 20 азмæ, ома бæрæгбон куы снысан кодтой, уыцы бонæй исты аивта, æви нæ, уымæй. Цы йын рауад, уымæ бакæсут.
Мадæлон æвзаг… Цас æхцондзинад ис ацы дыууæ дзырды. Адæймаджы уæнгты анхъæвзынц æвдадзы хосау, арф ахъарынц зæрдæйы. Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой сæ рæсугъд культурæ, традицитæ, æмæ, сæйрагдæр та – æвзаг. Æрвылаз Ирыстоны 15-æм майы фæбæрæг кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Баст у, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-имæ. Уыцы чиныг ирон адæмæн уыд ног хуырыскæсæнау, уымæн æмæ фыццаг хатт равдыста ирон æвзаг æмæ литературæйы хъæздыгдзинад.
Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон æххæст кæнын райдыдтой 2003-æм азы. Уæдæй нырмæ рацыд 20 азы. Æмæ кæд уыцы рæстæгмæ царды бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, уæддæр æнæивгæ баззад иу – Ирыстоны цæрджыты уарзондзинад ирон æвзагмæ. ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ студентты хсæн арæх саразынц хъæзтытæ, æвзаг æмæ литературæимæ баст. Зæгъæм, мæй иу хатт студенттæн факультетмæ бацæуыны бар вæййы, æрмæстдæр ирон поэтты æмдзæвгæтæ куы радзурынц, уæд. Уыцы цымыдисаг куысты руаджы фæсивæд архайынц сæ литературон райрæзтыл æмæ литературон зонындзинæдтыл. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ бæрæгбоны агъоммæ нæ республикæйы арæзт цæуынц бирæ мадзæлттæ. Сæ иу – уырыссаг æвзагæй рæнхъытæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын. Уый руаджы архайджытæ бафæлвардзысты сæ зонындзинæдтæ.
Хетæгкаты Къоста у ирон лиетратурæйы бындурæвæрæг. Уый йе сфæлдыстадæй ныррухс кодта сæ развæндаг Гæдиаты Секъайæн æмæ Брытъиаты Елбызыхъойæн, Коцойты Арсенæн æмæ Гуырдзыбегты Блашкайæн, Плиты Грисæн, Цæрукъаты Алыксандрæн æмæ бирæ æндæр фысджытæн. Уыдон нын самадтой æмæ амайынц нæ литературæйы мæсыг. Сæ бынтæ та сын зонынц нæ республикæйы цæрджыты фылдæр хай.
Цæмæй фæсивæд дзурой иронау, уый тыххæй хъуамæ ирон дзырд хъусой æрмæст хистæртæй нæ, фæлæ сæ алыварс дæр. Ууыл кусынц нæ телерадиокомпанийы дæр. Хабæрттæй дарддæр ма къуыри 5 хатты эфиры вæййы тематикон равдыст «Аланийы Райсом» ирон æмæ дыгурон диалектыл. Амонджытæ студимæ æрбахонынц алы къабæзты зындгонд архайджыты. Се хсæн рауайы æргом æмæ ахсджиаг ныхас.
Уæдæ ирон æвзаг парахат кæныныл æнæрлæугæ куыст цæуы радиойы уылæнты дæр. Поэт, журналист æмæ аивадон программæты редактор Къадзаты Станиславы руаджы Ирыстоны цæрджытæ радиойæ къуыри 5 хатты фехъусынц ирон аив дзырд. Йæ цымыдисаг программæтæ та сты «Уацамонгæ», «Сыгъзæрин асин», «Арвайдæн», «Сырдоны взагæй» æмæ «Цæразонтæ». Станислав йæ программæйы уазджытимæ фæдзуры царды æмæ нæ республикæйы ахсджиаг фарстатыл.
Афтæмæй нæ телерадиокомпани дæр зæрдиаг фæллой кæны ирон æвзаг парахат кæныныл. Нæ программæты фæрцы архайæм, цæмæй ирон æвзаг парахат кæна, ууыл. Афтæмæй дунеты хæзна – мадæлон æвзаг хъуамæ цæра æнустæм.




