Редакци йæ райдианæй фæстæмæ йæ куысты бындур скодта национ традициты хуыздæр миниуджытæ парахат кæнын
Ирон æвзагыл рагондæр литературон журнал «Мах дуг» сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей. Фыццаг номыр мыхуыры рацыд 1934-æм азы. Редакци йæ райдианæй фæстæмæ йæ куысты бындур скодта национ традициты хуыздæр миниуджытæ парахат кæнын. Журналы стыр æргом здæхт цæуы ирон адæмы историйы, æвзаджы, этнографийы æмæ культурæйы фарстатæм. Мыхуыргонд дзы цæуынц ирон фольклоры æрмæджытæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы сыфтыл – æнæхъæн дуне. Редакцийы йæ лæмбынæг фембырд кæнынц лыстæг хæйттæй. Æмæ афтæ алы рауагъд дæр. Цæмæй журнал байгомгæнгæйæ, кæсджытæ банкъарой, рæстæгимæ ницы аивта. Автортæ раздæрау адæмимæ дзурынц зæрдæйæ. Поэт, журналы хайады редактор Касаты Батрадз йæ уарзон «Мах дуджы» юбилеймæ ныффыста æмдзæвгæ.
Журналæн бындур чи сæвæрдта, уыдоны хъуыдыгæнгæйæ, алцыдæр кæнын, цæмæй «Мах дуг» бирæ азты фæстæ дæр йæ ахадындзинад ма сафа. Уыцы адæм – хуымæтæг энтузиасттæ нæ уыдысты. Æмбæрстой, литературæ адæмы царды цы ахсджиаг бынат ахсы, стæй Ирыстоны зонындзинæдты ахæм фæрæз æнæмæнг кæй хъæуы, уый.
90 азы фæстæ дæр «Мах дуг»-æн ис йæхи журналкæсджытæ. Автортæ сæ архайынц, æдзух дисы æфтауыныл. Æнусон уацмысты æмрæнхъ мыхуыргонд цæуынц нырыкконтæ. «Мах дуджы» сыфтыл арæхдæр фæзыны ног нæмттæ. Æмæ редакцийы куыд зæгъынц, афтæмæй, уый стыр уæлахиз у. Уымæн æмæ æрыгон авторты æмæ ног уацмысты фæрцы журнал цæры æмæ рæзы.
Æппæтæй уæззаудæр азты дæр ирон æвзагыл рагондæр литературон журнал йæ архайд нæ баурæдта, æцæг ныфс кæмæн уыд, æмæ ног рауагъдмæ чи æнхъæлмæ каст, уыдоны фарсмæ алкæддæр уыд.
Æмæ, дызæрдыггаг нæу, афтæ уыдзæн. Æнæмæнг зæрдылдаргæйæ журналы хъæздыг истори, æмæ йæ дарддæр хæццæгæнгæйæ. «Мах дуг» рæстæгимæ æмдзу кæны. Йæ архайд парахат кæны социалон хызты. Уым йæ кæсджыты зонгæ кæны автортимæ, уацмыстимæ æмæ бирæ азты традицитимæ.




