филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:28 пятница, 06 июня 2025
27 мая 2025, 10:36
Ирон академион театр дыууæ боны гастролон балцы уыд Хуссар Ирыстоны

Цхинвалы равдыстой спектакль «Гæздæнтæ»

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр дыууæ боны гастролон балцы уыд Хуссар Ирыстоны. Цхинвалы равдыстой спектакль «Гæздæнтæ». Йæ режиссер Уалыты Гиви. Постановкæйы бындуры ис Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Кокайты Тотразы пьесæ «Гæздæнты æфсымæртæ». Спектакль аивадуарзджыты ахаста æцæг драмæйы дунемæ. Фæлæ уыцы драмæ ист у цардæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ бинонты бонтæ хъæздыг уыдысты бирæ уазджытæй, циндзинадæй æмæ музыкæйы зæлтæй. Фæлæ сæ цард цæхгæр аивта. Лæппутæ ацыдысты фронтмæ, æмæ сæ иу дæр йæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры аивадон разамонæг Джелыты Хъазыбег бузныджы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны театры коллективæн, цы стыр куыст бакодта, уый тыххæй. Уæлдай арфæтæ – спектаклы сæйраг хъайтар Гæбуты Жаннæйæн. Уый йæхиуыл сбарста мад Тасойы роль, æмæ йын иттæг хорз рауад. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ дыууæ бонмæ Цæгат Ирыстоны театр Цхинвалы равдыста æртæ спектаклы: аргъау «Бременаг музыканттæ», стæй спектакльтæ «Гæздæнтæ» æмæ «12 бандоны».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania