филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
17 марта 2023, 11:16
Ирон академион театр сси, æвзæр чи уыны, уыцы адæмæн спектакльтæ адаптацигонд кæм æрцыдысты, Цæгат Кавказы фыццаг ахæм театр

Тифлокомментировани нысан кæны куырм кæнæ æвзæр чи уыны, уыцы адæмæн сæрмагонд цæттæгонд информаци

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр сси, æвзæр чи уыны, уыцы адæмæн спектакльтæ адаптацигонд кæм æрцыдысты, Цæгат Кавказы фыццаг ахæм театр. Тифлокомментировани нысан кæны куырм кæнæ æвзæр чи уыны, уыцы адæмæн сæрмагонд цæттæгонд информаци. Равдысты размæ сыл скæнынц сæрмагонд наушниктæ. Уыдоны хъуысы дикторы хъæлæс. Дзуры сценæйы цы цæуы, уый – декорацитæ, архайдтытæ, актерты мимикæ. Йæ ныхас фæхъуысы актерты репликæты хсæн. Фыццаг адаптацигонд спекталь сси Гоголы зындгонд комеди «Ревизор». Бабæрæг æй кодтой, æвзæр чи уыны, 30 ахæм адæймаджы. Сæрмагонд наушниктæ балæвар кодта Уæрæсейы национ театрты ассоциаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania