филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:45 воскресенье, 01 февраля 2026
02 марта 2023, 12:59
Ирон Академион театры арæзт æрцыд номарæн мадзал «Фыдæй фыртмæ»

Баст уыд, дыгурон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Малиты Георгийы 135 азы, æмæ йæ фырт Малиты Васойы райгуырды 85 азы бонтимæ

Ирон Академион театры арæзт æрцыд номарæн мадзал «Фыдæй фыртмæ». Баст уыд, дыгурон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Малиты Георгийы 135 азы, æмæ йæ фырт Малиты Васойы райгуырды 85 азы бонтимæ. Зындгонд фысджыты юбилейтæ сбæрæг кодтой стыр сфæлдыстадон изæрæй. Архайдтой дзы республикæйы фысджыты цæдисы, æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы, культурæйы, ахуырады æмæ наукæйы министрады минæврæттæ, республикæйы районты хицауад, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмæ æндæр æхсæнадон иугæндты уæнгтæ, бинонты зонгæтæ, хæстæджытæ. Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ сæ аивады фæрцы, мадзалы архайджытæм, фæхæццæ кодтой Малиты Георгийы фыстыты мидис. Номарæн изæрмæ æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Малиты Георгий уыд ирыстойнаг литературæйы классик. Аив дзырдмæ уарзондзинад фæхæццæ кодта йæ фыртмæ дæр. Малиты Васо уыд зындгонд поэт æмæ журнал «Ирæф»-ы бындурæвæрæг. Дзырды сфæлдыстады дыууæ ирд минæвары стыр æвæрæн бахастой ирыстойнаг литературæйы рæзтмæ.

Номарæн мадзал хъæздыг уыд алыхуызон æхсызгон цаутæй. Афтæ, сæрмагонд премитæ радтой дыгурон æвзаджы цалдæр ахуыргæнæгæн. Уыимæ «Дыгурон æвзаджы рæзты фонд» сфидар кодта æрвылазон преми не мкусæг, Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы амонæг Сосранты Жаннæйæн. Уый 12 азы эфирмæ цæттæ кæны информацион программæ «Аланийы хабæрттæ» дыгурон æвзагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania