филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:00 суббота, 18 мая 2024
01 февраля 2023, 11:47
Ирон академион театры цæттæ кæнынц радон премьерæ «Паддзах Лир»

Уæвгæ, Шекспиры æнæмæлгæ уацмыс ирон сценæйы фыццаг хатт æвæрд æрцыд 70 азы размæ

«Паддзах Лир». Ирон академион театры цæттæ кæнынц радон премьерæ. Уæвгæ, Шекспиры æнæмæлгæ уацмыс ирон сценæйы фыццаг хатт æвæрд æрцыд 70 азы размæ. Уæд сæйраг сурæт сарæзта Тæбæхсæуты Бало йæхæдæг. Æмæ уæдæй фæстæмæ нымад у Шекспиры традициты бындурæвæрæгыл ирон театры. Фæстæдæр «Паддзах Лир» сæвæрыныл бацархайдта иннæ ирд стъалы – Уататы Бибо. Ныр та ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта театры аивадон разамонæг æмæ режиссер Уалыты Гиви. Фæнды йæ йæхи цæстæнгас равдысын æнæмæлгæ трагедимæ. Премьерæйы агъоммæ ирон театры сфæлдыстадон къордимæ аныхас кодта Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Дунейы трагеди. Афтæ республикæйы адæмон артист Æлбегты Алан зæгъы спектаклы тыххæй. Паддзах Лиры роль ын у ног аивадон фæзилæн. Йæ хъайтары сурæт, зындзинæдтæ æмæ цардвæндаг равдисын. Æлбегты Алан у, Шекспиры трагеди банкъарыны фадат цы актертæн ис, уыдонæй иу.

Æлбегты Алан, РЦИ-А адæмон артист: «Режиссер ацы сурæт бахæс кодта мæнæн. Куыд рауайдзæн, уымæн дзуапп раттын  мæ бон нæу, аргъгæнæг уыдзысты аивад уарзджытæ. Театры коллектив архайы, цæмæй спектакль рауайа цымыдиссаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Тынг бирæ нкъарæнтæ гуыры Лирмæ. Йæ чызджыты æмæ хсæнады хсæн цы фарстатæ сæвзæры, уыдонæн дзуапп раттын æнцон нæу. Мах дзуапп агурæм, ссардзыстæм æй æви нæ, уый та зæгъдзысты аивад уарзджытæ».

Шекспиры Паддзах Лир ирон театры сценæйы фыццаг хатт федтой 70 азы размæ. Уæд дзы сæйраг хъайтар уыд Тæбæхсæуты Бало. Уымæ гæсгæ йæ нымайынц Шекспиры традициты бындурæвæрæгыл ирон театры. Фæстæдæр уыцы роль йæхиуыл сбарста Уататы Бимболат. Шекспиры базонын, йæ хъуыдытæ адæмæн раргом кæнын æмæ актерты равзарыны хæс ацы хатт йæхимæ райста ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви. Паддзах Лиры ногæй равдисын хуымæтæджы не сфæнд кодтой. Куыснц ыл афæдзæй фылдæр.

Уалыты Гиви, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры аивадон разамонæг: «Шекспир ирон театрæн у тынг хæстæг драматург. Ныры рæстæг, стæй ивгъуыд рæстæг мæ адæм цы бавзæрстой, уыдон вдыст сты ацы пьесæйы. Фæнды мæ, цæмæй дзы раргом кæнон 90-æм азтæ. Алы режиссер  æрмæгмæ кæсы йæхи цæстæй. Бирæ хорз спектакльтæ сæвæрдтой, фæлæ йæм ахæм цæстæнгасæй, мæнæм гæсгæ, ничима æркаст».

«Паддзах Лир канд иронау не сдзырдта, фæлæ ма февзæрд ног дуджы дæр. Аивд уарзаг адæмæн æвдыст цæуы тыхст заман. Идеалтæ фесæфтысты æмæ ралæууыд ног рæстæг».

Паддзах Лир 80 аздзыд зæронд лæг уæвгæйæ йæ бынтæ дих кæны йе ртæ чызгыл. Зонгæ сюжетмæ гæсгæ æвдыст цæуынц 20-æм æнусы 90-æм азты цаутæ.

90-æм азтимæ символикон кафт. Революционертæ тонынц тырысатæ, сæттынц цыртдзæвæнтæ. Актертæ куыд зæгъынц, афтæмæй 90-æм азты цаутæ кæй федтой, уымæ гæсгæ сын æнцондæр у уыцы цард равдисын. Сугъаты Хъазыбег хъазы Кенты ролы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ хъайтар йæ зæрдæмæ тынг хæстæг у.

Сугъаты Хъазыбег, РЦИ-А сгуыхт артист: «Ацы спектакль у тынг актуалон. Мæ хъайтары сурæт мæнмæ тынг хæстæг у, уымæн æмæ мæхæдæг дæр уарзын рæстдзинад. Актертæ тынг бацархайдтой, цæмæй спектакль адæмы зæрдæтæм фæцæуа, уый тыххæй.

Айларты Асæхмæт хъазы Граф Глостеры роль. Паддзах Лир зындзинады куы бахауы, уæд Граф кæддæриддæр вæййы йæ цуры. Актер куыд зæгъы, афтæмæй йе сконд фæлгонцы миниуджытæ йæм сты хæстæг.

Айларты Асæхмæт, РЦИ-А адæмон артист: «Актерæн ис ахæм дæсныйад, æмæ йæ сурæтмæ йæ хъæуы йæхи миддуне бахæссын. Алы актер дæр бæллы, цæмæй Шекспиры уацмысты ахъаза, уымæ. Паддзах Лир у классикæ. Фыст æрцыд цалдæр æнусы размæ, фæлæ дзы цы фарстатæ вдыст цæуынц, уыдон абон дæр ма сты актуалон».

Актеры дæсныйадæй уæлдай ма хъæуы сценикон уæлæдарæс дæр. Хуыйынц сæ сæрмагондæй пьесæйæн. Хуыйджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъæуы 90-æм азты цы дзаумæттæ дардтой, ахæмтæ скæнын. Дизайнер сарæзта цалдæр эскизы. Костюмтæй алкæцы дæр хъайтарæн æвдисы канд йæ хуыз нæ, фæлæ ма йæ зæрдæйы уаг дæр. Иуæй æвдыст цæуынц ирд хуызтæ, иннæмæй та – тар.

Йæ тæмæны бацыд, премьерæмæ декорацитæ кæм цæттæ кæнынц, уыцы цехы куыст дæр. Ныридæгæн сценæйы ис цалдæр скульптурæйы. Уæдæ рухс дæр тынг ахады драмон скъуыддзæгты рæстæг. Алы лыстæг хъуыддаг дæр Шекспиры трагедийы аразы ирд ныв. Уæлдай ахсджиаг та у, уыцы ныв ныр иронау кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania