Абон та Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыдзæн нæ уарзон æмкусæг, нæ кадджын хистæр Дудиаты Владимиры юбилейон изæр. Ныр 50 азы æнæхин лæггад кæны, йæ зæрдæ кæуыл никуы сивта, уыцы адæмæн æмæ уыцы Ирыстонæн.
Абон та Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон
академион театры уыдзæн нæ уарзон æмкусæг, нæ кадджын хистæр Дудиаты
Владимиры юбилейон изæр. Ныр 50 азы æнæхин лæггад
кæны, йæ зæрдæ кæуыл никуы сивта, уыцы адæмæн æмæ уыцы Ирыстонæн.
Валодя йæхицæн уый æнхъæл никуы уыд, æмæ
йæ йæ хъысмæт телеуынынадимæ сбæтдзæн. Адæмæн уарзон сси йæ куысты
фыццаг бонæй фæстæмæ. Йæ арæхстдзинад æмæ йæ курдиатæй дисы `фтыдта
суанг мæскуыйаг дикторты. Куыд адæймаг, афтæ дæр ын æмбал нæй: иу ахæм
бон ничи хъуыды кæны, æмæ Валодя йæ куыстмæ байрæджы кодта, кæнæ искæмæ
тызмæгæй сдзырдта. Хорз хæлар у, абон телестудийы цы ног фæлтæртæ ис,
уыдонæн дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ цард, йæ хъысмæт снывонд
кодта ирон телеуынынадæн. Уымæ гæсгæ йæ бирæ хæрзиуджыты `хсæн бæрæг
дары æппæтæй кадджындæр – адæмы уарзондзинад! Абон ын арфæтæ чи кæндзæн,
уыдоны хсæн стæм мах дæр! Бузныг, Валодя, нæ цуры кæй дæ, дæ
фæлтæрддзинад нын кæй не `вгъау кæныс, раст зонд нын кæй амоныс, уый
тыххæй! Кæддæриддæр æнæниз æмæ амондджын у!




