Цы обауыл лæууы, уый ныгуылæн фарс ныр цалдæр азы дæргъы хæлы. Аргъуаны кусджытæ йæ ныффидар кодтой сæхи хъарутæй. Фæлæ уыцы хъуыддаг ахаста цыбыр рæстæг. Ныртæккæ уавæрыл хъæуы лæмбынæгæй бацархайын. Уый тыххæй та хъæуы рацарæзты проект саразын, стæй фæрæзтæ ссарын.
Дины кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Ирон аргъуан цы обауыл лæууы, уый фæрстæй иу райдыдта хæлын. Уæвгæ, ацы хъуыддаг зындгонд у ныр цалдæр азы. Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны сауджын Джиоты Константин куыд зæгъы, афтæмæй йæ сæхи хъарутæй дыууæ азы размæ ныффидар кодтой æфсæйнаг конструкцийæ. Уый руаджы обауы ныгуылæн фахс бахъахъхъæнын бантыст, фæлæ æрмæст чысыл рæстæгмæ.
Ирон аргъуаны ныгуылæн фарсæн ныккæлынæй тæссаг кæй у, уый тыххæй специалисттæ дзырдтой 89-æм азы. Ныртæккæ хъуыддаг къуыртдзæвæнмæ æрцыд. Тæссаг уавæры ис дæс ингæны. Се `ппæт дæр сты мæнæ ацы фарс».
Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо, Тæбæхсæуты Бало, Колыты Аксо æмæ ирон интеллигенцийы æндæр архайджытæ ныгæд сты Ирон аргъуаны пантеоны. Ныртæккæ сæйрагдæр хæс у – уыдоны ингæнтæ бахъахъхъæнын. Ацы фарста тыхсын кæны, историон цыртдзæвæны цур цы адæм цæры, уыдон дæр.
Дины кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй тæссаг уавæры ис обауы хуссайраг фарс дæр. Советон дуджы рæстæг ам ныккалдтой сыджыт æмæ дзы сарæзтой къул. Уый фæстæ дзы ныгæд цыдысты зындгонд адæм. Ныртæккæ хуссайраг фарс æрбадтис æмæ уый дæр хъæуы ныффидар кæнын. Ацы хъуыдагыл архайы специалистты къорд. Хъуамæ арæзт æрцæуа сæрмагонд проект, цæмæй дзуапп дæтта æппæт домæнтæн дæр.
Габоты Людмилæ, паддзахадон учреждени «Аланийы хæзнаты» директор: «Ацы проект уымæй хицæн кæны, æмæ дзы хъæуы баиу кæнын дыууæ хъуыддаджы. Иуæй – номдзыд адæмы ингæнтæ бахъахъхъæнын, иннæмæй та – ныгуылæн фарс ныффидар кæнæн æмæ йын йæ территори фестырдæр кæнын, æмæ дзы саразын горæтыл афæлгæсынæн фæз».
Ирон аргъуан у, регионалон нысан кæмæн ис, ахæм архитектурон æмæ культурон цыртдзывæн. Дзæуджыхъæуы рагондæр бæстыхæйттæй иу. Фидæны аз ыл сæххæст уыдзæн 200 азы.
Реконструкцийы пълан фидаргонд куы рцæуа, уæд æппæт куыстытæ райдайдзысты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъуыддаг фæстиат кæнæн нæй. Уымæн æмæ тагъд райдайдзæн уарынты рæстæг, уый та расайдзæн тæссагдæр фæстиуджытæм.
Гугкаты Иринæ




