Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 115 азы
Ирон аргъуаны пантеоны æрхъуыды кодтой Таутиаты Солæманы ном. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 115 азы. Уый кадæн Таутиаты мыггаг йæ хæсыл банымадта ирон номдзыд артисты ингæнмæ базилын. Сфидар ын кодтой йæ бындур, баивтой плиткæ. Мыггаджы минæвæртты фæнды, цæмæй Солæман цы театрæн лæггад кодта, уым арæзт æрцæуа йæ мысæн изæр, æмæ сæ зæрдæ дарынц, уыцы хъуыддаг æххæстгонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Ирон театралон аивады ирд стъалыйы ном æрхъуыды кæнынмæ ирон аргъуанмæ æрбацыдысты мыггаджы минæвæрттæ, хæстæджытæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Таутиаты Солæман стыр æвæрæн бахаста республикæйы культурæйы райрæзтмæ. Уыд ирон театры бындурæвæрджытæй иу. Сценæйы цы сурæттæ сарæзта, уыдон абон дæр нымад сты эталоныл.




