17 октября 2013, 11:23
Ирон бæгæныйы фестиваль-конкурсы ног къæпхæн сарæзтой Мæздæджы районы
Горæты сæйраг фæзы пъалаткæты сæ продукци равæрдтой авд адæймаджы. Æрбацыдысты районы цалдæр хъæуæй. Сæ бæгæны куыд фыхтой, уый не схъæр кодтой, фæлæ кæрæдзийы нозтæй
Горæты сæйраг фæзы пъалаткæты сæ продукци равæрдтой авд адæймаджы. Æрбацыдысты районы цалдæр хъæуæй. Сæ бæгæны куыд фыхтой, уый не схъæр кодтой, фæлæ кæрæдзийы нозтæй ацаходыныл сразы сты. Фæндыд сæ базонын куыд фых уыди, рагон нæртон бæгæныйы хуызæн у, æви нæ, уый. Бæгæныйы хæрзхъæддзинад бæрæг кодтой къамисы уæнгтæ. Конкурсы архайджытæн раарфæ кодтой Цæгат Ирыстоны культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ æмæ Мæзæджы районы администрацийы сæргълæууæг Ларисæ Селиванова. Бæрæгбон саразджытæ бацархайдтой æппæт уавæртæ скæныныл. Чъиритæ стъолтæм хæццæ кодтой тæвдæй. Фыхтой сæ уым, горæты сæйраг фæзы. Конкурсы архайджыты фарс рахæцынмæ æрбацыдысты Мæздæджы хæлардзинады Хæдзары национ-культурон æхсæнадты минæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ