филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:30 суббота, 21 сентября 2024
01 октября 2014, 11:16
Ирон бæгæныйы фестиваль цæуы дарддæр

Ацы хатт Горæтгæрон районы хуыздæр бæгæныфыцджыты бæрæг кодтой Октябрьскийы культурæйы галуаны. Æдæппæтæй сæ фæлтæрддзинад равдыстой дыууадæс адæймаджы. Конкурсы программæмæ гæсгæ, йæ архайджытæ хъуамæ канд бæгæны ма сфыхтаиккой, фæлæ ма æртæ фæрсчы, дзыкка æмæ дзæрна дæр, стæй хъуамæ скодтаиккой æртæртæдзыхоны æмæ æндæр национ хæринæгтæ.

74553
Ирон бæгæныйы фестиваль цæуы дарддæр. Ацы хатт Горæтгæрон районы хуыздæр бæгæныфыцджыты бæрæг кодтой Октябрьскийы культурæйы галуаны. Æдæппæтæй сæ фæлтæрддзинад равдыстой дыууадæс адæймаджы. Конкурсы программæмæ гæсгæ, йæ архайджытæ хъуамæ канд бæгæны ма сфыхтаиккой, фæлæ ма æртæ фæрсчы, дзыкка æмæ дзæрна дæр, стæй хъуамæ скодтаиккой æртæртæдзыхоны æмæ æндæр национ хæринæгтæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ, æмæ сын радтой æхцайы премитæ. Фыццаг бынат бацахста Камбилеевкæйы цæрæг Дзукъаты Азæ. Октябры кæрон уый республикæйы иннæ районты, стæй Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесийы бæгæныфыцджытимæ, архайдзæн конкурсы финалы. Ацы къæпхæны æппæт архайджытæн дæр радтой кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Мæхъиты Хадизæ, Горæтгæрон районы культурæйы управленийы методист: «Æхсызгон у, ахæм рæсугъд мадзæлттæ арæзт кæй цæуынц, уый. Фæнды мæ, цæмæй ма фидæны азты дæр цæуой, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania