филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:38 вторник, 16 декабря 2025
06 октября 2014, 11:26
Ирон бæгæныйы фестиваль уыд Кæсæг-Балхъары

Ирон бæгæныйы фестиваль цæуы дарддæр. Нырмæ уал жюрийы уæнгтæ бæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны цалдæр районы хуыздæр бæгæныфыцджыты. Ацы хатт та фестивалы радон къæпхæн арæзт æрцыд Кæсæг-Балхъары.

74625
Ирон бæгæныйы фестиваль цæуы дарддæр. Нырмæ уал жюрийы уæнгтæ бæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны цалдæр районы хуыздæр бæгæныфыцджыты. Ацы хатт та фестивалы радон къæпхæн арæзт æрцыд Кæсæг-Балхъары. Налцыкмæ æрæмбырд сты дæсны хæринаггæнджытæ, æмæ æвдыстой сæ фæлтæрдзинад. Конкурсы программæмæ гæсгæ, йæ архайджытæ хъуамæ канд бæгæны ма сфыхтаиккой, фæлæ ма æртæ фæрсчы, дзыкка æмæ дзæрна дæр, стæй хъуамæ скодтаиккой æртæртæдзыхоны æмæ æндæр национ хæринæгтæ. Афтæмæй дзы рауад рæсугъд æмæ стыр бæрæгбон.
Ирон бæгæныйы фестивалы архайын бирæты бафæндыд. Зæгъæм, Гаситы Зинадидæйы дæр. У Бæтæхъойыхъæуккаг. Фæлæ ныр цыппор азæй фылдæр цæры Налцыччы. Фестивалы тыххæй базыдта йæ зонгæтæй. Æмæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы кæй архайдзæн, ууыл дызрдыг дæр нæ кодта.
Кæсæг-Балхъары культурæйы фонды залы сæмбырд сты ирон диаспорæйы, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Бирæтæн ацы фестиваль сси адæмы иугæнæг. Налцыккаг ирæттæн радта фадат нæ культæрæмæ æмæ не гъдæуттыл андзæвынæн, фæхæстæгдæр уæвынæн.
Ирон бæгæныйы фестиваль арæзт цæуы ныр æртыккаг аз. Йæ саразджытæ сты Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад æмæ компаниты къорд «Бавари». Æмæ кæд раздæр азты фестиваль уыд республикон, уæд ацы аз та сси æппæтадæмон. Сæ фæлтæрдзинад дзы æвдыстой фондз бæгæныфыцæджы. Ирон бæгæныйæн йæ ад, йæ хуыз æмæ хæрзаддзинадæн аргъ кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ. Бæгæныйæ уæлдай ма фынгтыл æртæ чъирийы, къуыдырфых дзидза, æндæр рагон ирон хæринæгтæ. Æмæ цалынмæ хуыздæрты æвзæрстой, уæдмæ сценæмæ рацыдысты Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары артситтæ. Бæрæгбон саив кодтой зарджытæй æмæ уæздан ирон кафтæй.
Фæлæ хуыздæр бæгæныфыцæджы равзарын уæддæр хъуыди. Афтæмæй æртыккаг бынат бацахста Цæмæкъаты Рабирæт, дыккаг – Телæхъуырты Ритæ. Сæйраг призы аккаг та сси Цомайты Зинæдидæ.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы бон фæхæрдуæвджытæ нæ уыди. Фестиваль саразджыты æмæ йæ архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр уыд ногæй нæ рагон æгъдæуттæ æрхъуыды кæнын, æмæ сын сæ рæсугъддзинад банкъарын. Цæгат Ирыстонæй æмæ Кæсæг-Балхъарæй дарддæр ацы аз фестивалы архайынц Хуссар Ирыстоны æмæ Хъæрæсе-Черкесийы минæвæрттæ. Уæлахиздзаутæ сæ республикæты кад хъахъхъæндзысты конкурсы финалы дыууын фарæстæм октябры Дзæуджыхъæуы.
Фидараты Маринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania