Уымæн æмæ хицæн бынат ахсы ирон адæмы культурæйы
Ирон бæгæны сси æцæг бренд. Уымæн æмæ хицæн бынат ахсы ирон адæмы культурæйы. Йæ равзæрды æмæ фыцыны процесс ирдæй фыст æрцыд Нарты кадджыты. Августы ахсджиаг рæстæг вæййы – тыллæг æмбырд кæнынæн æмæ зымæгмæ цæттæ кæнынæн. Уæдæ ма йæм бафтыд бæгæныйы бон дæр. Бирæтæ йæ уарзынц æмæ йын ахуыр кæнынц йæ фыцыны рецепт.
Ирыстоны цæрджытæм кæддæриддæр кадджын уыд ирон бæгæны. Йæ равзæрд баст у Нарты Сатанаимæ. Ирон адæм бæгæны фæфыцынц куыд циндзинады, афтæ хъыджы рæстæг дæр. Уæдæ йæ цы мигæнæнты фæкæнынц, уыдонæй дæр алкæцыйæн ис йæхи сакралон нысан. Алы сылгоймагæн дæр бæгæны фыцгæйæ йæхи сусæгдзинæдтæ вæййы. Хуыбаты Гюльнарæйы бæгæны фыцын сахуыр кодта йе фсин æмæ йын йæ сусæгдзинæдтæ дæр раргом кодта.
Сыгъдон куы скодта, уæд дзы ныккодта дон æмæ куы рафыхт, уæд ма йæм бафтыдта зад, цæмæй та уыимæ дæр рафыца. Куы рафыхт, уæд задмæ хъæуы къухæй бавналын. Кæд æрфæлмæн – уæд у цæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ та йæ фæхъæуы ныффæрсудзын.
Гюльнарæ бæгæны кæнын сахуыр кодта йæ фырт Арсены дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй нæлгоймаджы къухæй конд æндæр ад фæкæны.
Бæгæны куы сцæттæ уа, уæд æй æнæмæнг хъæуы ныффæрсудзын. Гюльнарæ архайы йе фсины мигæнæнтæй. Аг, чыргъæд æмæ стыр къус – алы хæдзары фсинмæ дæр хъуамæ уой ацы кусæнгæрзтæ – зæгъы Гюльнарæ.
Алы хæдзары дæр алыхуызон кæнынц бæгæны. Алкæмæн дæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Гюльнарæ сыгъд кæны зады ссадæй, уымæн æмæ æнæуи ссады сыгъды фылдæр бынтæ баззайы, кæд æй ныффæрсудзынц, уæддæр. Фæстагмæ бæгæны сæвæры цъар. Уый та у дзурæг ууыл, æмæ у хæрзфых.
Ирон адæммæ ритуалон нозтытæ сты æртæ: ронг, сæн æмæ бæгæны. Бæгæны вæййы цалдæр хуызы – сылгоймæгты æмæ нæлгоймæгты. Кæрæдзийæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ нæлгоймæгты бæгæны вæййы карздæр.
Нæ рагфыдæлтæй нын канд æгъдæуттæ æмæ традицитæ нæ баззад, фæлæ ма сæ кадджын хойрæгтæ дæр. Кæд бæгæны фыцгæйæ алы фсинæн дæр вæййы йæхи суæгдзинæдтæ, уæддæр йæ нысан у иу. Алы ирон хæдзары дæр æртæ чъирийы фарсмæ æнæмæнг хъуамæ уа нæртон ирон бæгæны.




