филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
28 января 2021, 11:24
Ирон чъириты фестиваль нысан кæнынц æппæтадæмон æмвæзадмæ рахæссын

Афтæ фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ

Ирон чъириты фестиваль нысан кæнынц æппæтадæмон æмвæзадмæ рахæссын. Афтæ фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Фестивальмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл ныхас цыд профилон кусæг къорды æмбырды. Ныридæгæн кæронмæ фæхæццæ кæны национ уæлæдарæс бахуыйыны хъуыддаг. Бакуыстой фестивалы сæрмагонд стилыл. Мартъийы онг хъуамæ цæттæ уой, адæймаджы ас чи у, ахæм куклатæ. Уыдон бахъæудзысты тематикон фæз «Нарты бæстæмæ балцæн». Туризмы комитеты разамонæг Хъодзаты Зауырбег куыд радзырдта, афтæмæй бакуыстой туристон маршруттыл уазджытæн. Се хсæн, æрбахонын кæй хъавынц, уыцы туроператортæн æмæ блогертæн. Маршрутмæ гæсгæ уазджытæ бабæрæг кæндзысты Куырттаты æмæ Цъæйы кæмттæ, стæй Дыгургом.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania