филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 пятница, 17 мая 2024
25 февраля 2022, 12:38
Ирон драматургийæйы классикæмæ нырыккон хуызы кæсын

Нæ дуджы декорацитæй æмæ уæлæдарæсæй спайдагæнгæйæ

Ирон драматургийæйы классикæмæ нырыккон хуызы кæсын. Нæ дуджы декорацитæй æмæ уæлæдарæсæй спайдагæнгæйæ. Уыимæ, фылдæр æргом аздахын хъæуы, уацмысы автор ирдæй кæй æвдисы, уыцы сæйраг фарстатæм. Ахæм хæс сæхимæ райстой театралон лабораторийы архайджытæ. Йæ саразыны хъæппæрис разынди театралон архайджыты Цæдисмæ. Лаборатори кусын райдыдта æрæджы. Абон студийы ис 4 режиссеры. Уый, театр – студи ШКИТ-ы аивадон разамонæг Теблойты Лейлæ, Санкт-Петербургæй æрыгон режиссер Александра Тэйнина, ирон æмæ дыгурон театрты режиссер Хъæцмæзты Ацæмæз æмæ уырыссаг академион театры актер Николаус Мавроматидис. Пьесæтæ æвæрдзысты æрмæстдæр къуыримæ. Ахсджиаг у, æрмæг кæронмæ нæ ахæццæ кæнын актерты æнкъарæнтæ куыд сты, афтæмæй уадзын, сæйраг нысан, куыд гæнæн ис, афтæ æцæгдзинадыл бакусын. Режиссертæ актерты хондзысты уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттæй, стæй театрты труппæтæй. Режиссерты кусæг къорд ныртæккæ цæттæ кæны Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæйæ ист фыццаг скъуыддзаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania