филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
17 января 2020, 15:43
Ирон къухдæсныйы конд, æфсæддон лæджы дыууæ метры сурæт гæнæн ис æмæ фæзындзæн Лиссабоны музейтæй иуы

втор Таутиаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ацы хъуыддаджы фæдыл ныхас цæуы музейы разамындимæ

Ирон къухдæсныйы конд, æфсæддон лæджы дыууæ метры сурæт гæнæн ис æмæ фæзындзæн Лиссабоны музейтæй иуы. Автор Таутиаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ацы хъуыддаджы фæдыл ныхас цæуы музейы разамындимæ. Кукла ифтонг уыдзæни фат æмæ рдынæй, уыдон та сарæзтой Венгрийы.  Æфсæддоны сурæтыл куыст цыди афæдзæй фылдæр. Уыцы рæстæг, Таутиаты Азæ хæцæнгарзы дæсны Хуытъинаты Аланимæ æнæрлæугæйæ архайдтой стæм чи у, ахæм историон информаци ссарыныл. Авторы ныхæстæм гæсгæ йын æппæтæй зындæр уыди æфсæддоны цæсгом, стæй йын йæ сæрыхъуынтæ æмбæлгæ хуызы скæнын. Ома, хъуамæ уой мыдхуыз æмæ уæхсджытæй дæлдæр. Уæдæ йæ цæсгомыл дæр хъуамæ ирдæй зына йæ фидар удыхъæд. Куысты кæронбæттæн хатдзæг дисы фтауы адæм. Бирæтæ йæ фыццаг бакастæй банымайынц æгас адæймагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania