филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:29 воскресенье, 29 сентября 2024
11 сентября 2014, 17:15
Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 155 азы юбилей сбæрæг кæндзысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Пятигорскы æмæ Хъæрæсе-Черкесийы дæр

Уый тыххæй абон фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ. Поэты юбилеймæ цæттæгæнæн Организацион комитеты æмбырдæн разамынд лæвæрдта хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Къостайы райгуырæн хъæу Нары 11-æм октябры арæзт æрцæудзæн стыр бæрæгбон.

74230
Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 155 азы юбилей сбæрæг кæндзысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Пятигорскы æмæ Хъæрæсе-Черкесийы дæр. Уый тыххæй абон фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ. Поэты юбилеймæ цæттæгæнæн Организацион комитеты æмбырдæн разамынд лæвæрдта хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Къостайы райгуырæн хъæу Нары 11-æм октябры арæзт æрцæудзæн стыр бæрæгбон. Архайыны бар дзы уыдзæн алкæмæн дæр. Уым адæмы зæрдæтæ барухс кæндзысты Цæгат Кавказы сывæллæтты зарæггæнджыты иумæйаг къорд. Разамынд ын дæтдзæн Дзанайты Ольгæ. Уымæй дарддæр бæрæгбон барæсугъд кæндзысты кафджыты фестиваль «Аланийы сæуæхсидты» архайджытæ, уыдзæн дзы ирон зарæджы фестивалы финал дæр. Дзæуджыхъæуы та Къостайы хæдзар-музейы сног кæндзысты экспозицитæ. Уæдмæ бындурон цалцæг фæуыдзысты ирон литературæйы музейы. Къостайы юбилеймæ уыдзæн æппæтдунеон наукон-практикон конференци дæр. Архайдзысты дзы алы бæстæты ахуыргæндтæ, суанг Инди æмæ Словакийæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania