филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:59 среда, 09 июля 2025
21 ноября 2023, 11:11
Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы хæдзар – музеймæ хъæуы базилын

Бæстыхай фæстаг хатт цалцæг кодтой 25 азы размæ

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы хæдзар – музеймæ хъæуы базилын. Бæстыхай фæстаг хатт цалцæг кодтой 25 азы размæ. Хæдзары къултæ схъуына сты æмæ сабыргай кæлынц. Уæдæ хорз нæ кусы хъармгæнæн системæ дæр. Ирыстоны уарзон поэт цы хæдзары цард, уый уавæры тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Раст цыма ацы уаты хицау ныртæккæ рбаздæхдзæн, уыйау. Фæлæ кæсæны та зыны æрмæстдæр Цæлыккаты Аннæйы портрет. Ам Хетæгкаты Къоста ргом кодта йæ хъуыдытæ. Хæдзар уыд Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндажы аразæг Дмитрий Михайловы. Йæхæдæг царди 2-æм уæладзыджы, 1-аг уæладзыджы та фатертæ лæвæрдта рæстæгмæйы цæрджытæн. Къоста Херсонæй куы ссыд, уæд дзы райста дыууæ уаты. Поэт сæ тынг бауарзта. Æмæ æнусы рдæгмæ систы Къостайы царды фæрæзтæ кæм  баззадысты, уыцы бынæттæ. Йæ Райгуырæн бæстæ йæ цардæй фылдæр чи уарзта, уыцы адæймаг кæм цард, уыцы къуымты тæваг банкъарынц музейы уазджытæ дæр. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг йæ кæнон кæны, æмæ дзы фæзындысты лыггæнинаг фарстатæ дæр.

Музейы бындурон цалцæг фæстаг хатт кодтой 90-æм азты. Дарддæр дзы цы уæлæнгай куыстытæ бакодтой, уыдон уавæр нæ фæхуыздæр кодтой. Къултыл цы зыхъхъыртæ фæзынд, уыдон байдзаг сты хæлуарджыты тынтæй, дуæрттæ нал фæразынц ивгъуыд азты уæз. Къоста йæ рæстæг цы дыргъдоны рвыста, уый дæр схæмпæл.

Æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» авторы нысантимæ… Цæлыккаты Алыксандры къамты альбом, «Ирон фæндыр»-ы рауадзæг Байаты Гаппо цы стъолыл куыста, уый, стæй Къостайы хæлар Дзанайты Садуллæйы къамисæн. Музейы алы экспонат дæр бæстыхай байдзаг кодта уæды рæстæджы тæвагæй.

Ай Дзæуджыхъæуы у иунæг музей, экскурситæ дыууæ взагыл кæм кæнынц, уый – ирон æмæ уырыссагыл. Æппæтæй арæхдæр уазджытæ сты скъоладзаутæ. Уымæн æмæ сын национ культурæ базоныны фæндаг райдайы Къостайы сфæлдыстадæй. Уæдæ бæстыхай Ирыстоны цæрджытæй уæлдай ма уарзынц туристтæ дæр.

Адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ музеймæ куы ркастысты, уæд республикæйы культурæйы министрадмæ арвыстой курдиат, цæмæй хæдзар – музей сцалцæг кæной национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ. 

Къоста ацы ран бирæ ныффыста. Уымæн æмæ уарзта бæстыхай. Ныр æрцыд, поэты хæдзармæ базилын æмæ уæды рæстæджы тæваг бахъахъхъæнын куы бахъуыд, ахæм рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania