филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 29 сентября 2024
19 марта 2020, 12:24
Ирон литературæйы музейы уыд Джусойты Нафийы æмæ Хаджеты Таймуразы номарæн изæр

Мадзалы фæлгæты равæрдтой чингуыты равдыст

Ирон литературæйы музейы уыд Джусойты Нафийы æмæ Хаджеты Таймуразы номарæн изæр. Мадзалы фæлгæты равæрдтой чингуыты равдыст. Бацæттæ йæ кодта поэты хо- филологон наукæты кандидат Джусойты Клавдия. Кадджын, ныфсджын æмæ фыдыбæстæуарзæг адæймагæй бахъуыды кодтой йе мбæлттæ æмæ  æмкусджытæ  Джусойты Нафийы. Мадзалы архайджытæ æрымысыдысты ирон фыссæг, драматург, литературæ иртасæгимæ баст  цаутæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Джусойты Нафи  йæ цардæй кæй ахицæн æртæ азы размæ. Йæ райгуырдыл ацы аз сæххæст  95 азы. Фыссæг, Хаджеты  Таймуразы та бирæтæ хонынц «Ирон Есенин». Райгуырд 1-æм мартъийы   Хуссар Ирыстоны  Ногхъæуы,  стыр бинонты. Тырныдта сфæлдыстады йæхи фæндаг ссарынмæ. Уыимæ, цæмæй йæ ном йæ хистæр æфсымæр Джусойты Нафийы аууон ма уа, уый тыххæй Таймураз райста литературон фæсномыг  Хаджеты, йæ фыды фыды номы кадæн йæ мыггаг баивта уый номæй. Уый сси адæмон поэт. Уыимæ – кæй кæсынц, уарзынц, æмæ йæ  æнæбафæзмгæ  фыссынады æууæлтæн аргъ кæмæн  кæнынц, ахæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania