филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 воскресенье, 13 июля 2025
17 октября 2013, 11:19
Ирон номдзыд богал Хъаныхъуаты Болайыл Цæгат Ирыстоны систой документалон киноныв æмæ йæ рауагътой дисктыл

Бола нымад у, Ирыстоны хъæбысхæстæн бындур чи сæвæрдта, уыдонæй иуыл. Æрдзы стæм хатт чи вæййы, ахæм тыхы хицау Хъаныхъуаты Бола, уыди Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ

Ирон номдзыд богал Хъаныхъуаты Болайыл Цæгат Ирыстоны систой документалон киноныв æмæ йæ рауагътой дисктыл. Бола нымад у, Ирыстоны хъæбысхæстæн бындур чи сæвæрдта, уыдонæй иуыл. Æрдзы стæм хатт чи вæййы, ахæм тыхы хицау Хъаныхъуаты Бола, уыди Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ Европæйы бирæ ерысты уæлахиздзау. Тыхгæнæг ыл тых нæ кодта.

Хъуыстгонд ирон хъæбатыр Хъаныхъуаты Темырболат, йæ рæстæджы хъæбысæйхæцджытæй йæ асмæ гæсгæ, се ппæтæй дæр уыди стырдæр. Бирæтыл дзы æрмæст йæ асы тыххæй нæ тых кодта, фæлæ йæ тыхы æмæ арæхстдзинады фæрцы. Цирчы аренæйы æмæ алыхуызон турнирты йæ къухы æфтыд иу уæлахиз иннæйы фæдыл.

Хъаныхъуаты Болайы тыххæй документалон киноныв йæ хæстæджытæ федтой дæсгай хæттытæ. Æмæ алы хатт дæр, куыд фæзæгъынц, фæкæсынц сæ улæфт бауромгæйæ.

Ацы киноныв сисын æнцон нæ уыди, зæгъы режиссер Цориты Солтан. Къамтæ æмæ сæм æндæр æрмæджытæ бирæ нæ уыди. Кинокадртæ та архивы æппындæр нæ разынд. Фæлæ уæддæр, режиссер йæ фæнд нæ аивта.

Цориты Солтан, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг: «Фæстæмæ сыздæхт йæ райгуырæн Хъобанмæ æмæ райдыдта зæххы куыст кæнын. Ныры фæлтæр æй хъуамæ хъуыды кæной, уымæн æмæ у стыр кады аккаг».

Хъобанæй рацæуæг æрыгон лæппуйы арæхстдзинад æмæ курдиат æрттывтой Санкт-Петербурджы, Мæскуыйы, æмæ Уæрæсейы æндæр горæтты, стæй суаг фæсарæнты стыр турнирты. Архивты æвдисæндарты фыст куыд ис, афтæмæй Болайæн йæ бæрзæнд уыди 2 метры æмæ 28 сантиметры, йæ уæз та – 22 килограммы. Йæ ныхмæлæуджытыл тых кодта æнцонтæй. Кæд иу уыдонмæ фылдæр фæлтæрддзинад уыди, уæддæр иу уæлахиздзауæй æдзухдæр рацыд Бола. Уымæн æмæ иу æй сæ бон йæ бынатæй базмæлын кæнын дæр нæ уыди. Хуымæтæджы йæ не схуыдтой «Хъазыбеджы Хох» дæр. Зын бауырнæн у, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй Темырболат ноггуырдæй уыди бынтон гыццыл æмæ лæмæгъ.

Хъаныхъуаты Зойæ: «Нымæт худы чи уыди, уымæн æнхъæл чи уыд, ахæм лæг дзы рауайдзæн, зæгъгæ. Куыд фæстæмæ, афтæмæй рæзыд, æмæ йæ тыхыл тых æфтыдта».

Хъаныхъуаты Бола амард 1922-æм азы. Цыди йыл 53 азы. Фæлæ йæ кад æмæ намыс цæрынц абон дæр. Цæгат Ирыстоны нымад у ирон хъæбысхæсты бындурæвæрæгыл. Болайы фæрцы спорты ацы хуыз рапарахат ирон адæмы хсæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania