филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:34 пятница, 17 мая 2024
15 апреля 2013, 17:37
Ирон театр аивадуарзджытæн балæвар кодта премьерæ – Джыккайты Шамилы пьесæмæ гæсгæ `вæрд спектакль

Æвдыст дзы цæуынц 14-æм æнусы историон цаутæ. Спектаклы режиссер у Кокуаты Андрей. Ирон театры артисттимæ йыл иумæ куыста. Премьерæйы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

«Хъодыгонд зæд». Ирон театр аивадуарзджытæн балæвар кодта премьерæ – Джыккайты Шамилы пьесæмæ гæсгæ `вæрд спектакль. Æвдыст дзы цæуынц 14-æм æнусы историон цаутæ. Спектаклы режиссер у Кокуаты Андрей. Ирон театры артисттимæ йыл иумæ куыста. Премьерæйы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

14-æм æнусы историон цаутæ. Ирон адæм тох кæнынц тæтæр-монголты ныхмæ. Пьесæйы сæйраг хъайтар Борæхан йæ размæ сæвæрдта стыр хæс – баиу кæнын йæ адæмы – пырхгонд хæххон Алани æмæ тыхджын паддзахад саразын.

Гуыбиаты Хъазыбег, Ирон театры аивадон разамонæг: «Уый у нæ адæмы истори, æмæ нæ адæмы истори та хъуамæ зоной нæ кæстæртæ. Цы фæлтæр рæзы, уыдон хъуамæ зоной æмæ хъуамæ буц уой нæ адæмæй, ирон адæмæй. Цы хъайтартæ нæм ис, уый тыххæй у спектакль. Стæй ацы спекталæй арæм Джыккайты Шамилы ном».

Борæханы сурæт спектаклы сарæзта Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хæдаты Альберт. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æнцон нæ уыд, уымæн æмæ йыл цы стыр хæс æвæрд уыд, уый æмбæрста.

Хæдаты Альберт, РЦИ-Аланийы адæмон артист: «Зын уыдис, æнæмæнг уыдис зын, фæлæ бузныг зæгъын актертæн. Бытъæты Робертæн, раст мæ кодта, æвзаг мын амыдта».
 
Ирон театры сценæйы спектакль сæвæрыныл бакуыста Кокуаты Андрей. Режиссер куыд зæгъы, афтæмæй спектаклæн ис стыр историон мидис. Уымæ гæсгæ йæ ахадындзинад чысыл нæу абоны царды дæр.

Кокуаты Андрей, режиссер: «Режиссер пьесæ куы æвæра, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон куыстмæ не `нхъæлмæ кæсы. Фыццаджыдæр мæн æмæ кæимæ куыстон, уыцы адæмы цы зæгъын фæндыд – хъуамæ кæрæдзийы бамбарæм, хъуамæ уыцы фарстатыл кæнæм ныхас».

Спектакль æвæргæйæ ма режиссер спайда кодта, видео-инсталляци кæй хонынц, ахæм фæрæзæй. Декорацитæ – бакуыста сыл спектаклы нывгæнæг Дзиуаты Аслан, стæй музыкæ – ныффыста йæ Плиты Мурат, иумæйагæй æххуыс уыдысты театрдзаутæн астæуыккаг æнусты цардыуаг банкъарынæн. Уæвгæ, Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд» аивадуарзджытæн æнæзонгæ нæу. Спектакль æвæрд æрцыд дыууæ хатты. Уæд йæ режиссер уыд Дзиуаты Анатолий.

Ирон театры сценæйыл «Хъодыгонд зæд» æвæрд æрцыд ныр дыккаг хатт. Фыццаг спектаклы премьерæ уыд 30 азы размæ. Уæд дзы Борæханы сурæт сарæзта Уататы Бибо. Фæстæдæр та, 90-æм азы ацы спектаклæй байгом «Нарты театр».

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania