филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:42 суббота, 21 сентября 2024
03 декабря 2012, 09:51
Ирон театры æвæрд æрцæудзæн Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд»

Кокуаты Андрей йæхи режиссурæйы фæлвары дыккаг аз. Уыцы рæстæгмæ сæвæрдта цалдæр спектаклы, æмæ адæмы зæрдæмæ фæцыдысты. Ныр дæр кусы ног спектаклыл. Ирон театры сценæйы æвæрд æрцæудзæн Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд».

Кокуаты Андрей йæхи режиссурæйы фæлвары дыккаг аз. Уыцы рæстæгмæ сæвæрдта цалдæр спектаклы, æмæ адæмы зæрдæмæ фæцыдысты.

Ныр дæр кусы ног спектаклыл. Ирон театры сценæйы æвæрд æрцæудзæн Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд».

Ирон театр йæхи цæттæ кæны радон
премерæмæ. Режиссер Кокуаты Андрей кусы ног спектаклыл – Джыккайты
Шамилы «Хъодыгонд зæд»-ыл. Ацы азы райдиан балæвæрдта курдиат Уæрæсейы
культурæйы министрады æрыгон режиссæртæн æххуысы конкурсы архайынмæ æмæ
рамбылдта грант.

Кокуаты Андрей спектаклы режиссер: «Куы
æнхъæлмæ кастæн, уæд мæ тынг фæндыд рамбæлын. Фæлæ мын куы загътой,
рамбылдтам, зæгъгæ, уæд афтæ фæфæсмон кодтон. Уымæн æмæ хъуамæ тынг
дзæбæх уа. Адæймаг йæхиуыл гуырысхо кæнын райдайы, фæлæ «ау, ирæттæ не
стæм», зæгъгæ, нæ ныфс бахастам. Ныр дæрм æ ныфс хæссын, кæй зæгъын æй
хъæуы, хорз хъуамæ рауайа».

«Хъодыгонд зæд» зонгæ у ирон
театрдзаутæн. 1980-æм азы ма йæ сæвæрдта Дзиуаты Анатолий. Спектакль
дзуры 14-æм æнусы кæроны цауты тыххæй – ирон адæм тæтæр-монголты ныхмæ
куыд тох кодтой, уый тыххæй. Абон дзы архайынц театры фæлтæрдджын æмæ
æрыгон актертæ. Сæйраг хъайтар – Борæханы – хъазынц 2 актеры: Хæдаты
Альберт, æрбахуыдтой йæ дыгурон театрæй æмæ Сугъаты Хъазыбег. Уымæн
Борæханы сурæт у фыццаг сæйраг роль. Уæлдай бæрнондзинад та ма йыл æвæры
уый, æмæ 30 азы размæ ацы роль хъазыд Уататы Бибо.

Сугъаты Хъазыбег, ирон театры актер:
«Алы бон дæр, алы минут дæ рыл хъуыды кæнын. Æрбадын, ахъуыды кæнын. Мæ
сурæты, æвæццæгæн, афтæ фæнды, цæмæй ирон адæмы цард аива, райсомы бон
æндæрхуызон уа. Æмæ бацархайдзæн, æмæ, мæнмæ гæсгæ, куыд æмбæлы, афтæ
уыдзæн ацы хабар».

Бытъæты Роберт та бакуыста Уæдæгонды
ролыл. 80-æм азты ацы сурæт сарæзта Бирæгъты Къоста. Цымыдисаг ма уый у,
æмæ Бытъæты Роберт уæд дæр архайдта спектаклы. Хъазыд тæтæйраг æфсæддон
Нукеры.

Бытъæты Роберт, РЦИ-Аланийы адæмон
артист: «Театр та ногæй йе ргом кæй аздæхта Джыккайты Шамилы пьесæ
«Хъодыгонд зæд»-мæ, уый у тынг хорз. Уый у нæ классикæ, нæ истори. Ирон
фæлтæр сæ историмæ арæхдæр куы здахой се ргом, уæд уый хорз у».

«Хъодыгонд зæд»-ыл кусынц ныр 4-æм мæй.
Кокуаты Андрейæн ацы спектакль ирон театры у æртыккаг. Фыццаг хатт æй
равдисын фæнд кæнынц мæйы кæрон.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania