филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
16 декабря 2019, 12:41
Ирон театры æвдыст æрцыди документалон киноныв «Отменивший войну»

Дзурæг у, 1993-æм азы Мæскуыйы цы цаутæ цыди, ууыл.

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ ссыди Уæрæсейы адæмон артист Николай Бурляев. Ирон театры æвдыст æрцыди зындгонд режиссеры документалон киноныв «Отменивший войну». Дзурæг у, 1993-æм азы Мæскуыйы цы цаутæ цыди, ууыл. Æвдыст æрцыди хæрзаудæн фонд «Лучезарный ангел»-ы дæр. Сæйраг хъайтар – дæлхайад «Альфа»-йы дæлбулкъон Челæхсаты Владимир. Хицауады хæдзармæ бацыди æнæ хæцæнгарзæй, æмæ баныхас кодта депутаттимæ, цæмæй бæстыхайæ рацæуой, уый тыххæй. Премьерæйæн æвдисæн уыди не сфæлдыстадон къорд дæр.

Хъæбатырдзинад, бæрнондзинад æмæ зæрдæхæлар æнкъарæнты радзырд. Историйыл афæлгæст… Йæ сæргондтæ сты – адæймаджы цардæн аргъ кæныны, салдаты хъысмæты, æмæ легендарон дæлхайад «Альфа»-йы ахадындзинады тыххæй. Æнæнхъæлæджы цаутæ кинонывы режиссеры сæмбæлын кодтой Челæхсаты Владимиримæ. Ацы адæймаг, 1993-æм азы, уæлдæр хицауады бардзырд нæ сæххæст кæнгæйæ, æнæ иу гæрахæй, хицауады хæдзарæй ракодта адæмон депутатты.

Премьерæйы бон, Дзæуджыхъæуы ирон театры залы сæмбырд сты æфсæддонтæ, скъоладзаутæ, æмæ йæ райгуырæн бæстæйыл иузæрдион чи у, ахæм адæм. Премьерæмæ æрбацыди кинонывы хъайтар йæхæдæг дæр. Уæрæсейы цæхгæр ивддзинæдтæ куы æрцыди, уæд сæрмагонд дæлхайад «Альфа»-йы  дæлбулкъон, ныртæккæ Цæгат  Ирыстоны сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир. Кино равдисыны размæ йæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта, «Ирыстоны намыс»-ы майданæй.

1993-æм азы 3-æм æмæ 4-æм октябры журналисттæ кæй систой, ахæм документалон архивон кадртæ, зæрдæйы гуырын кæнынц æнахуыр æнкъарæнтæ. Хуымæтæг адæймагæн зын бауырнæн у, дыууæ ныхмæлæууæг къорды хсæн чи бахаудта, уыцы офицер оперативонæй, æрмæст æфсæддонты цард нæ бахъахъхъæдта, фæлæ бæстæйы не руагъта граждайнаг хæст.

Кинонывмæ бакæсгæйæ иу адæймаг дæр куыдфæндыйы зæрдæйы ахастимæ нæ баззади. Æнæрлæугæ къухæмдзæгъд режиссерæн æмæ сæйраг хъайтарæн. Сæйраг киномæкæсджытæ – рæзгæ фæлтæр.

Режиссеры ныхæтæм гæсгæ, кинолентæ фыццаджыдæр арæзт у фæсивæдмæ. Уымæн æмæ уыдон 30 азы размæйы хъуыддæгтæн, зæгъæн ис, æмæ ницы зонынц.  Советон Цæдис куы фехæлди, уымæн æвдисæн чи уыди, æмæ йыл зæрдæйæ чи тыхсти, уыцы адæм киномæ бакæсгæйæ бирæ хъуыддæгтæ базондзысты, уыимæ,  нырыккон Уæрæсе сабыр арвы бынмæ кæй цæры, уый кæй фæрцы у, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania