Ирон адæмон газет «Рæстдзинад», мыхуыры рацыд 91 азы размæ. Уæдæй нырмæ адæмы зонгæ кæны Ирыстоны цардимæ. Фæлæ æрæджы почтæ йæ тарифтæ дыууæ хатты фæзынаргъдæр
91 азы размæ дунейыл иунæг ирон газет мыхуыры куы рацыд, уæд Ирыстоны кæмтты æмæ хъæуты куывдтæ кодтой, ныртæккæ та йæ тираж алы аххосæгтæм гæсгæ скуынæг, æрмæстдæр у 7 мин 800 экземпляры æмæ йæ бахъуыд ирон адæмы æххуыс.
Цгъойты Хазби, Газет «Рæстдзинад»-ы бæрнон редактор: «Ирон æвзаг цæмæй фидар уа,ууыл архайы газет рæстдзинад, стæй алы иронæвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг дæр. Газеттæ, журналтæ, телеуынынад, радио, уыдонимæ æмгуыст кæнæм. Мах ууыл архайæм цæмæй абон ирон æвзаджы уавæр куыд у, уымæй фидæн уа хуыздæр æмæйæ фидæны фæлтæртæм адæттын бафæразæм».
Газет æрвылбон мыхуырмæ бацæттæ кæнынц 43 адæймаджы. Бакæсæн дзы вæййы республикæйы экономикон, политикон, социалон царды тыххæй. Æвдисы дзы Ирыстоны культурон æмæ спортивон æнтыстдзинæдтæ. Æмæ уый адæмы зæрдæмæ цæуы, фæлæ ацы аз йæ рафыссыны аргъ 2 хатты кæй фæзынаргъдæр, уымæ гæсгæ йæ бирæты бон рафыссын нæу.
Малиты Хасан, Газет «Рæстдзинад»-ы бæрнон редактор: «Почтæйы кусджытæ тынг сзынаргъ кодтой сæ лæггад Æмæ кæд йæ рафысыны аргъ афæдзы æмбисæн у 940 сомы, уæд дзы газет чи уадзы чи йыл бакусы, уый дзы райсы æрмæстдæр 109 сомы. Иннæ æхца чи сты, 830 сомы, уый та исы почтæ. Æмæ уый æнæфæзынгæ нæу, тираж кæй фæкъаддæр ууыл. Фæлæ мæнмæ афтæ кæсы ирон адæм уæддæр фысдзысты ирон газет».
Ирон газет æмæ ирон æвзагæн фесæфæн нæй. Уыцы хъуыды загътой, ацы изæр йæ фарс рахæцынмæ чи æрбацыд, уыцы адæм. Залы та канд горæты цæрджытæ нæ уыдысты, фæлæ алы хъæуты минæвæрттæ.
Мецъаты Махарбег, Хъæдгæроны цæрæг: «Мах ссыдыстæм Хъæдгæронæй æмæ Æрыдонæй. Абон ацы бæрæгбон чи у, уый мæнæмæ гæсгæ арв фердтывта афтæмæй ардæм не рхаудта. Адæм ардæм æрбамбырд сты, цæгæй дæр ирон ныхас, ирон æгъдау кæм ис уыцы ранмæ, ирон театр кæй хонынц уыцы ранмæ æмæ фарн ацы бынæтты куыд уа, иунæг хуыцау ахæм арфæ ракæнæт».
Хъайтыхъты Риммæ, 5-æм профессионалон училищæйы ахуыргæнæг: ««Ирон адæймагæй, йæхи ирон чи хоны, уый æвæццæгæн зæрдæйæ рисы, тыхсы æмæ газет кæд рафыстой, кæнæ йæ фыссынмæ хъавынц, уæд сæ цæрæнбон бирæ. Нæ газет кæддæриддæр рæстдзинад фысы æмæ амæй фæсæтæмæ дæр афтæ дисаджы хабæрттæ куыд кæсæм».
Газет «Рæстдзинад» ныронг чи нæ рафыста æмæ кæй фæнды йæ рафыссын, уыдоны æнцойдзинадæн театры фойейы сæвæрдтой сæрмагонд стъол.Газеты кусджытæ нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй концертæй цы æхца æрæмбырд кæной, уыдонæй баххуыс кæндзысты пенсиисджытæн. Æмæ уый дæр æххуыс уыдзæн газетæн.
Тотыккаты Райæ: «Абон ирон театрмæ æрбацыдыстæм концертмæ, цæмæй ирон газет «Рæстдинад»-ы фарс рахæцæм æмæ цæмæй иууылдæр ирон адæм «Рæстдзинад» рафыссой. Концерт тынг фæцыд мæ зæрдæмæ, стыр бузныг артисттæн дæ рæмæ сеппæтæн дæр. Æрбацыдыстæм».
Ирон газет фæцудын ма бауадзыны хъуыдыимæ зæрдæмæдзæугæ концерт арæзт æрцыд нæ республикæйы культурæйы сгуыхт архайæг Хуытыгаты Хъазыбеджы хъæппæрисæй. Йæ ныхасæн Цæгат Ирыстоны зындгонддæр артисттæ дыууæ нал загътой æмæ рацыдысты сценæмæ.
Гæбуты Жаннæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ: «Абон æз мæ хæсыл нымайын ам уæвын ацы концерты архайын. Уымæн æмæ нæхи газет «Рæстдзинад», мæнæ у мæхи газетт æмæ ме ппæт хъуыддæгтæ дæр æз аиуварс кодтон æмæ загътон, «Æз хъуамæ, уыцы ддзæбæх газеты фарсмæ балæууон». Фæнды мæ цæмæй алы ирон адæймагдæр рафысса газет «Рæстдзинад».
Концерты рæстæг арæзт цыдысты викторинæтæ. Изæры амонджытæ уыдысты журналист Баскаты Урызмæг æмæ радио «Алани»-йы амонæг Налдыхъуаты Залинæ.
Бæрæгбоны нысан та уыд, йæхи ирон чи хоны, уыдоны æрбамбырд кæнын æмæ «Рæстдзинад»-ы фарс рахæцын, фылдæр адæмы газет рафыссынмæ сразæнгард кæнын. Хуытыгаты Хъазыбег зæрдæ бавæрдта, иннæ концерт ноджы хъæздыгдæр кæй уыдзæн, уымæй,фæлæ йæм бацæуæн уыдзæн, æрмæст газет кæй рафыстай, уый тыххæй сæрмагонд гæххæтмæ гæсгæ.




