Æрныхас кодтой, фидæны азы æмгуыстады тыххæй дæр
Ног Азы къæсæрыл æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион Советы сæрдар Уататы Зелим фембæлд республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты разамонджытимæ. Раарфæ сын кодта, цы ахсджиаг куыст кæнынц, уый фæдыл. Мадзал рауад хъæрмуд æмæ ахадгæ. Æрныхас кодтой, фидæны азы æмгуыстады тыххæй дæр. Сæ профессионалон архайды бирæ азты цы рухстауæн, стæй ирон адæмы историон фæд æмæ традицион культурæ бахъахъхъæныны тыххæй цы æнтыстджын куыст кæнынц, уый тыххæй республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ хорзæхгонд æрцыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы арфæйы гæххæттытæй.
Уататы Зелим, Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар: «Адæм уæ сæхиуыл нымайынц. Алы хæдзары бинонтæ афтæ фæзæгъынц, мæхæдæг дæр æй фехъусын: «Мæнæ нæхиуæттæ, нæхи чызджытæ». Уый цасы аргъ у. Мæнæ Ног Азы къæсæрыл алы бинонтæ дæр фенхъæлмæ кæсынц, цæмæй фыдбылызтæ зæронд азы баззайой. Йемæ куыд баззайой зæронд азы, Ног азы домбай къахдзæфтæ куыд бакæнат, Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд».
Фембæлды хицæн ныхас цыд сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Уататы Зелим куыд загъта, афтæмæй ацы темæ æнцон нæу, дзурын æмæ йыл фыссын хъæуы, бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ хынцгæйæ. Æмæ уый журналистты къухы æнтыстджынæй æфты. «Иры Стыр Ныхас»-ы разамонæг фембæлды архайджытæм фæсидт, цæмæй адæммæ фæхæццæ кæной, Ног аз бæрæггæнгæйæ абоны уавæр æмбарын кæй хъæуы, уый.
Уататы Зелим, Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар: «Адæм æй тынг æмбарынц уыцы хабæрттæ иууылдæр. Куыд сæ рахæссут адæмы размæ, уый стыр диссаг у. уыдон дæр уын арфæ кæнынц, уыдон дæр æй зонынц, хæсты быдыры чи ич, уыдон нæм сдзырдтой, мах номæй дæр сын арфæ ракæн, зæгъгæ. Æмæ уын уыдоны номæй дæр арфæ кæнын. Стыр бузныг уын алцæйы тыххæй дæр. Бирæтæ йæ не *мбарынц, абон цытæ цæуы, уый. Сымах æй æмбарут, бирæтæ йæ æмбарынц. Дарддæр дæр, царды афтæ къахдзæфтæ куыд кæнат, Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд. Нæ лæппутæ та уæлахизимæ куыд ссæуой, ацы хабар куыд баурома, Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд. Мæ ныхасы кæронбæттæны мæ фæнды зæгъын, цæмæй ацы бонты ахъæр кæнат, цæмæй ацы гæрæхтæ гыццыл фæуромой. Адæм тынг рыст сты. Бирæтæ не *мбарынц, йæ фарсмæ цы цæуы, саударæг адæм цас цæуы. Æмæ уыдоны куы нæ хъуыды кæнæм, уæд нæ, æвæццæгæн, ничи бамбардзæн. Æмæ мæ тынг фæнды, дæнцæгæн ирон адæмы куы рахæсиккой, куыд баурæдтой, зæгъгæ, цæмæй хицау ма дзура, закъон ма рауадза, ма гæрах кæнут, зæгъгæ, фæлæ йæ хъуамæ адæм сæхæдæг æмбарой».




