филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 29 сентября 2024
23 марта 2020, 13:04
«Иры Стыр Ныхас»-ымæздæггаг хайады хъæппæрисæй арæзт æрцыди ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй семинар

Мæздæджы районы педагогон коллективимæ фембæлдысты «Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ

Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ымæздæггаг хайады хъæппæрисæй арæзт æрцыди ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй семинар. Мæздæджы районы педагогон коллективимæ фембæлдысты «Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ. Æмбырды архайджытæ аргъ скодтой, скъолаты мадæлон æвзаг ахуыр кæныны æмæ педагогтæн цы уавæртæ ис, уымæн. Æрвылаз ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ ацы темæимæ баст бæрæгбæттæм хорзæхгонд æрцæуынц æхцайы премитæй. Ацы аз «Стыр Ныхас» расидтис ирон æвзаджы кабинеты хуыздæр фæлгонцы конкурс. Фæлæ фарста зæрдæйы фæндон скæныны тыххæй хъæуы бынæттон хицаудзинады оргæнты æххуыс дæр. Зæгъæм, Мæздæджы районы раздæрау æнæлыггонд у, ирон æвзаджы ахуыргæнджыты цæрæнуæттæй ифтонг кæныны хъуыддаг. Ахуырады къабазы ис æндæр къуылымпыдзинæдтæ дæр. Сæйрагдæр – ахуыргæнджытæ кæй нæ фаг кæны, кæмдæрты та ирон æвзаг ахуыр кæныны къордтæм фаг сывæллæттæ кæй нæ цæуынц, уый. Ацы фембæлды архайджытæ бæрнон адæмы размæ цы фарстатæ рахастой, уыдоны ахсджиагдæр та уыди – Мæздæджы районы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн æмбæлгæ царды уавæртæ скæнын. Гæнæн ис, æмæ цалдæр фæлтæрдджын ахуыргæнæджы æрцæуой районмæ, æмæ ам кусой, фæлæ сын уый тыххæй бацæттæ кæнын хъæуы æмбæлгæ цæрæнуæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania