филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:40 суббота, 21 сентября 2024
23 ноября 2012, 09:20
Ирыстойнаг дзюдоист Хуыбецты Алан Европæйы чемпионаты рамбылдта сызгъæрин майдан

Æппæтадæмон турниры Алан архайдта фыццаг хатт. Фæуæлахиз спортсментыл Туркæй, Венгрийæ, Грецийæ æмæ Германийæ. Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд ирыстойнаг дзюдоист Станислав Семенов. Дыууæйæ дæр тренировкæ кæнынц иумæ, Дзæуджыхъæуы.

Æппæтадæмон турниры Алан архайдта фыццаг
хатт. Фæуæлахиз спортсментыл Туркæй, Венгрийæ, Грецийæ æмæ Германийæ.
Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд ирыстойнаг дзюдоист

Станислав Семенов. Дыууæйæ дæр тренировкæ кæнынц иумæ, Дзæуджыхъæуы.
Куыд раздæры фембæлдты, афтæ финалы дæр фæуæлахиз Хуыбецты Алан.
Европæйы чемпионаты уæлахиздзауæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны
дзюдойы федерацийы президент Битарты Вячеслав. Куыд фæнысан кодта,
афтæмæй кæд Лондоны Олимпиадæйы не мзæххон дзюдоисттæ нæ архайдтой, уæд
ныр иннæ олимпаг хъæзтытæм сæхи цæттæ кæнын райдыдтой. Нæ зæрдæ дарæм
уæлахизтыл.

Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы дзюдойы
федерацийы президент: «Ирыстоны цы дзюдойы скъола ис, уый хъуыстгонд у
æнæхъæн бæстæйы дæр. æмæ йæ зонынц цы тренертæ кусы, æмæ цы сывæллæтты
хъомыл кæнынц. Æвæццæгæн нæ вæййы ахæм ерыстæ, кæцыты нæ лæппутæ фыццаг,
дыккаг, æртыккаг бынæттæ нæ бацахсынц чемпионаты. Мæнæ лæппутæ цы
майдантæ райстой, уый хорз хъуыддаг у «.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania