08 июля 2014, 11:12
Ирыстойнаг спорсментæ уæлахиздзаутæ систы профессионалон хæстытæй ерысты Кæсæг-Балхъары æмæ Хъырымы
Ялтæйы ринджы йæ уæзы иттæг хорз цæттæдзинад равдыста алыхуызон турнирты архайæг Къæбулты Тамерлан. Рамбылдта дунейы Кубок профессионалон хæст самбойæ æмæ сызгъæрин
Ялтæйы ринджы йæ уæзы иттæг хорз цæттæдзинад равдыста алыхуызон турнирты архайæг Къæбулты Тамерлан. Рамбылдта дунейы Кубок профессионалон хæст самбойæ æмæ сызгъæрин майданимæ райста спорты мастертæм кандидаты ном дæр. Дунейы Кубокы æвзист майдан та рамбылдта Джиголаты Сæрмæт. Раздæр архайдта цæгаткавказаг турниры æмхæццæ хъæбысхæстæй Кæсæг-Балхъары. Фæлæ ацы хатт æвзонг спортсменæнмæ фаг фæлтæрддзинад нæ разынд, кадджындæр хæрзиуæг рамбулынæн. Йæ ныхмæлæууæгæн уый размæ уыди фылдæр фембæлдтытæ. Багаты Марат, цæф кæй уыди, уый тыххæй фæхæрд йæ ныхмæлууæгæн, æмæ йын бронзæ майдан рамбулын дæр нæ бантыст.
темæмæ гæсгæ




