филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:16 среда, 17 декабря 2025
28 января 2014, 11:06
Ирыстойнаг уынджы райдыдтой, уынæры ныхмæ къул аразын

Уынæрæй хъахъхъæнæн къул фæзындзæн горæтмæ бацæуæны. Иумæ йæ дæргъ уыдзæн километрмæ ‘ввахс. 400 метры фæндаджы иуфарс, 600 метры та иннæ. Ахæм ногдзинад хæстæгдæр

Ирыстойнаг уынджы райдыдтой, уынæры ныхмæ къул аразын
Уынæрæй хъахъхъæнæн къул фæзындзæн горæтмæ бацæуæны. Иумæ йæ дæргъ уыдзæн километрмæ ‘ввахс. 400 метры фæндаджы иуфарс, 600 метры та иннæ. Ахæм ногдзинад хæстæгдæр хæдзæрттæ хъахъхъæндзæн рыг æмæ уынæрæй, къуыл йæхæдæг уыдзæн авгæй конд.

Ныртæккæ цы къул аразынц, уымæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Еленæ Сверчковайы хæдзар уыдзæн йæ фæстæ, æмæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ машинæты уынæр тынг хъыгдары, уæлдайдæр та сæрды. Ныртæккæ сæ фæнд у, архитектурæйы ногдзинады хъæндзинадтæ куыд нæ сæвзæра, уый.

Елена Сверчкова, Ирыстойнаг уынджы цæрæг: «Иуæй хорз у, машинæты уынæр кæй нал хъусдзыстæм, фæлæ иннæ фарста та у, машинæтæй нæ хæдзæрттæм бацæуын зындæр уыдзæн. Раст зæгъгæйæ нын зæрдæ æвæрынц, фæндаг асфальтæй бамбæрзынæй».

Уынæр хъахъхъæнæн къуылы бæрзæнд уыдзæн 3 метры. Кæм фæвæййы, уырдыгæй цæрæн хæдзары онг ис 6 метры. Кæй зæгъын æй хъæуы, машинæ дзы æнцонтæй бацæудзæн. Уымæй уæлдай ма арæзтады мастер Хугаты Давид зæрдæ æвæры, ацы ран цъæх фæлыст кæй уыдзæн, уымæй.

Горæты администрации рагæй фæнд кодта горæтмæ бацæуæны фæлгонцыл бакусын, уимæ та фæндагмæ хæстæг цæрджыты машинæты уынæрæй хъахъхъæнæн къуыл саразын. Сæ фæндон растыл банымадтой Федералон фæндæгты арæзтады управлени.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania