филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:49 воскресенье, 01 февраля 2026
09 августа 2022, 11:19
Ирыстон у кавказаг Швейцари»: Ахæм уыд сæрмагонд æмбырды сæйраг хъуыды

Æмбырд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, æмæ дзы ныхас цыд амалхъом адæмы гæнæнтыл туризмы æмæ фæлладуадзыны къабазы

Ирыстон у кавказаг Швейцари». Ахæм уыд сæрмагонд æмбырды сæйраг хъуыды. Æмбырд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, æмæ дзы ныхас цыд амалхъом адæмы гæнæнтыл туризмы æмæ фæлладуадзыны къабазы. Цæгатирыстойнаг амалхъом адæмæй дарддæр ма фембæлдмæ æрбахуыдтой Швейцарийæ уазджыты дæр. Стыр æргом аздæхтой ацы къабазы ахсджиагдæр фарстатæм. Бæлвырддæр та – маршрутон картæмæ, санитарон зонæтæ æмæ фæлладуадзæн базæтæ аразынмæ. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фылдæр уадзын хъæуы хи продукци: цыхт, æхсыр æмæ дзидза. Уымæй дарддæр ма фылдæр æргом здахын хъæуы уæлæдарæсы хи брендтæ аразынмæ, – загътой фембæлды архайджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania