филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:26 суббота, 18 мая 2024
03 февраля 2023, 11:14
Ирыстоны абон мысынц Уарзиаты Хадзысмелы

Зындгонд артист æмæ кæфтытæ æвæрæджы райгуырдыл сæххæст 85 азы

Хореограф, балетмейстер, Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг. Ирыстоны абон мысынц Уарзиаты Хадзысмелы. Зындгонд артист æмæ кæфтытæ æвæрæджы райгуырдыл сæххæст 85 азы. Уарзиаты Хадзисмел бирæ азты разамынд лæвæрдта паддзахадон ансамбль “Алан”-æн. Уый нæ, фæлæ ма куыста нæ республикæйы театртимæ, куыд балетмейстер, афтæ. Уæдæ æххуыс кодта иннæ кафæг коллективтæн дæр. Йæ царды бонты Уарзиаты Хадзысмел куыста национ хореографион культурæ сног кæныныл. Мастеры цардыл афæдгæст Касаты Наирæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Сценæмæ иу куы рахызти, уæд иу аивадуарзджыты зæрдæтæ байдзаг сты цавæрдæр æнахуыр æнкъарæнтæй. Хохаг фидар адæймаджы удыхъæд æмæ уæнгты конд, хуыцауæй лæвæрд курдиат æмæ йæ дæсныйад æгæрон уарзтæй чи уарзы, ахæм адæймаг.

Уарзиаты Хадзысмел уыди, кафтæй æнæхъæн истори радзурын кæй бон уыди, ахæм стæм артистты хыгъды. Йæ алы къухайст дæр у æнæхъæн аивад. Йæ дæсныйадыл æфтыдта Стыр театры, уый фæстæ йын æнæрлæугæ къухæмдзæгъд кодтой алы бæстæты.

Хадзысмел архайдта национ культурæ бæрзонд æмвæзадмæ сисыныл, æмæ йын æнтысгæ дæр кодта, уымæн ис бирæ æвдисæнтæ. 3-гæм курсы ахуыргæнгæйæ йæхи ансамблы сæвæрдта хореографион композици «Мад». Фæстæдæр æй бахаста йе репертуармæ. Æппæтдунеон конкурсмæ та сæвæрдта «Дуэт» æмæ композици «Ирон сюитæ». Уæд ансамбль Софийæйы рамбылдта 3 сызгъæрин майданы, Уарзиаты Хадзысмел та куыд кæфтытæ æвæрæг, афтæ райста фестивалы хуыздæр балетмейстеры диплом. Легендарон кæфтытæ «Хонгæ», «Чепена», «Симд» æмæ æндæртæ, хаст æрцыдысты республикæйы хуыздæр сфæлдыстадон къордты репертуармæ.

Хадзысмел йæ размæ вæрдта бирæ хæстæ, уыдонæн сæ сæйрагдæр – республикæйы кафты аивад сног кæнын. Алы азты разамынд лæвæрдта «Хохаг», «Кафт», «Арт» æмæ æндæр къордтæн. Сног кодта Адыгейы адæмон ансамбль «Нальмэс». Фæлæ уæддæр йе сфæлдыстады сæйрагдæрыл нымайы паддзахадон ансамбль «Алан». Бирæ азты Уарзиаты Хаджысмел куыста ацы залы. Йæ фæрцы æмæ йе рхъуыдыйæ паддзахадон ансамбль райста ном «Алан». Йæ хореографи у хæрзхъæддзинады ирддæр фæзынд. Хаджысмел ирон кафты аивады ныууагъта йæхи æнæбафæзмгæ фæд. Йе нæзæрдæхудт фæллойæ республикæйæн стыр кад кодта фæсарæйнаг аивадуарздыты цæсты. Йе хъомылгæнинæгтæм уыди домаг. Цæмæй сценæйы ирд стъалыйау æрттивой, уый тыххæй репетициты семæ куыста бирæ æмæ æвæллайгæйæ. Паддахадон ансамбль «Алан»-ы артисттæ абон дæр цæрынц æмæ кусынц сæ уарзон разамонæг Уарзиаты Хадзысмелы ныстуантæм гæсгæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон артист Карсанаты Мæхæмæт æхсызгонæй мысы Хадзысмелимæ куысты азтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сын алкæмæндæр уыди дæнцæгæн хæссинаг хистæр, ахуыргæнæг æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Йе къорды уæнгты зæрдæтæм ардта фæндаг, разæнгард сæ кодта аивадмæ. Карсанаты Мæхæмæт йæхæдæг бирæ азты кусы сывæллæттимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ куысты цы сусæгдзинæдтæй пайда кæны, уыдонæй бирæты райста йæ ахуыргæнæгæй.

Уарзиаты Хадзысмелы цард æмæ сфæлдыстадыл систой кино. Балетмейстеры истори равдисынæн режиссер Азæмæтты Любовьы бахъуыди 3 азы. Кафты дæсныйы цардвæндаг хуымæтæг никуы уыди. Кинонывы ирдæй æвдыст цæуы, фæлтæртæ сæрбæрзонд кæмæй хъуамæ уой, уыцы адæймаджы сурæт.

Йе мкусджытæ зæгъынц, Хаджысмел уыди сфæлдыстады ирд дæсны. Аивады ацы хуыз æнкъардта зæрдæйы арфæй. Бирæ цины æнкъарæнтæ балæвар кодта аивадуарзджытæн. Ирыстоны историйы баззади хореографион аивады æнæмæлгæ стъалыйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania