филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:05 суббота, 06 июля 2024
30 марта 2022, 11:53
Ирыстоны арæзт цæуынц алы хуызы акцитæ, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи  архайы, уыцы Уæрæсейы æфсæддонтæн фарсхæст радтыны нысаниуæгимæ

Æрæфы районы цæрджытæ дæр бацархайдтой ахæм мадзал саразыныл

Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Ирыстоны дæр арæзт цæуынц алы хуызы акцитæ, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи  архайы, уыцы Уæрæсейы æфсæддонтæн фарсхæст радтыны нысаниуæгимæ. Æрæфы районы цæрджытæ дæр бацархайдтой ахæм мадзал саразыныл. Цыколайы Культурæйы галуаны кæрты алы кары адæм слæуыдысты дамгъæ «Z» æмæ «V» – йы хуызы. Мадзал саразыныл бакуыстой Æрæфы районы уæлæмхасæн ахуырадон центры, районы фæсивæдон политикæйы хайады, стæй культурæйы хæдзары минæвæрттæ. Донецкы, Луганскы, Хъырымы, Ирыстоны æмæ  Уæрæсейы тырысатæ саразынмæ та сын баххуыс кодта Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania