Ахæм девизимæ Дзæуджыхъæуы ацыд концертон акци. Архайдтой дзы ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ æмæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ.
Мадзалы аразджытæ бацæттæ кодтой социалон роликтæ
Ахæм девизимæ Дзæуджыхъæуы ацыд
концертон акци. Архайдтой дзы ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ æмæ
республикæйы сфæлдыстадон къордтæ.
Мадзалы аразджытæ бацæттæ кодтой
социалон роликтæ, ацы низ цы зиан хæссы, уый тыххæй. Акци арæзт æрцыд
СПИДы ныхмæ тох кæныны æппæтдунеон бонмæ. ВИЧ-инфекци кæмæ ис, уыдоны
нымæц азæй-азмæ кæны фылдæр. Цæгат Ирыстоны СПИДы ныхмæ тох кæныны
центры регистрацигонд æрцыд мин сæдæ адæймагæй фылдæр, хыгъды та
сæвæрдтой 5 сæдæйы.
Бæдтиаты Дианæ, фæсивæды социализацийы
центры директор: «Фыццæгæм декабры уыдис СПИДы ныхмæ тох кæныны бон. Алы
аз дæр фæсивæды социализацийы центры психологтæ æмæ фыдракæндты
специалисттæ фæсивæдæн амонынц, цæмæй ацы фыдбылызæй сæхи бахъахъхъæной.
Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæй æрбахуыдтам фæсивæды. Равдистам сын
социалон роликтæ, цæмæй феной цы ахсджиаг у ацы проблемæ æмæ сæхи
бахъахъхъæной ацы низæй».




