филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
01 февраля 2023, 11:49
Ирыстоны Гуæздæрты Туркманы ном ныридæгæн бирæтæ базыдтой

Диссаджы хъуыддæгтæ аразы хъæдæрмæгæй

Ирыстоны Гуæздæрты Туркманы ном ныридæгæн бирæтæ базыдтой. Диссаджы хъуыддæгтæ аразы хъæдæрмæгæй. Æрдзмæ уарзондзинад та бæрæг дары йæ дунемæ цæстæнгасыл дæр. Гуæздæрты Туркманы æрмадз бабæрæг кодта Сосранты Жаннæ.

Адæймагæн йæ зæрдæмæ хæстæг цы хъуыддаг уа, уый дидинæгау райхалыныл  фæархайы рæстæджы цыдимæ. Дигорайы цæрæг Гуæздæрты Туркманимæ фембæлгæйæ мæ уд байдзаг арф хъуыдытæй æмæ диссаджы рæсугъд æнкъарæнтæй. Йæ кусæн уатмæ бацæугæйæ цæст цæуыл æрлæууа, уый нал фембары. Цымыдисаг куыстытæ, рагон чингуытæ. Алкæцы дæр дзы Туркманы уд рæвдауы йæхи хуызи.

Уæвгæ, хъæдæрмæджы куыст сывæллоны бонтæй чи кæны, уый æндæр хуызы æнкъары дуне. Туркманы куыстытæ фенæн ис Ирыстоны бирæ аргъуанты. Уыцы хуызы куыстмæ йæ зæрдæ хæстæгдæр у.

Аивæдты училищайы рауагъдон. Ацы бон мысы йе *мкъурсонты уæлмонц æнкъарæнтимæ. Цыма йын уыдон дæр хъару дæттынц йе сфæлдыстадон монцтæ фылдæр кæнынæн.

Туркманы куыстытæ хицæн кæнынц сæ лæмбынæг лыстæг хъуыддæгтæй. Уæдæ æнæ националон нисаниуæгæй та йын дзы иу дæр нæй. Куыд зæгъы, афтæмæй æрдз йæхæдæг аразы адæймаджы, æрмæстдæр фæхъæуы уд байгом кæнын ног хъуыддагæн.

Дыгуры районы кадджындæр хистæртæй иу, Гуæздæрты Туркман тынг разы у, йе сфæлдыстадон æрхъуыды йын царды рауадзынмæ  цы адæм баххуыс кæны, уыдонæй. Ныр Туркман æнхъæлмæ кæсы Дигорайы йын кæй бантысдзæн сæрмагонд къорд байгом кæнын æмæ дзы сывæллæтты зонгæ кæндзæн хъæдимæ куысты сусæгдзинæдтимæ.

Нæ республикæ хъæздыг у кадджын хистæртæй. Сæ алкæцы дæр дзы у æмæ уыди фæлтæртæн фидæны фæндаг аразæг. Сæ иу, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фæсфронты активон архайæг, фæллойы ветеран Будайты-Бæзыты Олга. Уый кæд царды зындзинæдтæ йæхиуыл æххæстæй бавзæрста, уæддæр хъаст никуы кодта. Фæндыди йæ  æхсæнадæн хорздзинад скæнын. Цы 94 азы фæцард, уыдонæй алкæцы дæр уыд хъæздыг йæ царды хæзнатæй. Ирыстоны сфæлдыстады хæзнадонмæ цы æвæрæн бахаста, уый та пайдайаг уыдзæн нæ фыдæлты истори æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн. Бæстондæр нын йæ царды хабæрттæ ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania