филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:12 четверг, 18 апреля 2024
28 сентября 2022, 11:27
Ирыстоны Гуæздæрты Туркманы ном стæм адæн нæ зоны, уый йæхицæн ном кæны йæ куыстыты фæрцы

Диссаг хъуыддæгтæ аразы хъæдæрмæгæй

Ирыстоны Гуæздæрты Туркманы ном стæм адæн нæ зоны. Уый йæхицæн ном кæны йæ куыстыты фæрцы. Диссаг хъуыддæгтæ аразы хъæдæрмæгæй. Хъæдмæ уарзондзинад бæрæг дары йæ цæстæнгасыл дæр. Уæвгæ æнæ афтæмæй сфæлдыстадон æрхъуыдыйæн хъæдæрмæгмæ рахæссæн нæй. Гуæздæрты Туркманы æрмадз бабæрæг кодта Сосранты Жаннæ. Бакæсæм ын йæ сюжетмæ.

Адæймагæн йæ зæрдæмæ хæстæг цы хъуыддаг уа, уый дидинæгау райхалыныл  фæархайы рæстæджы цыдимæ. Дигорайы цæрæг Гуæздæрты Туркманимæ фембæлгæйæ мæ уд байдзаг арф хъуыдытæй æмæ диссаджы рæсугъд æнкъарæнтæй. Йæ кусæн уатмæ бацæугæйæ цæст цæуыл æрлæууа, уый нал фембары. Цымыдисаг куыстытæ, рагон чингуытæ. Алкæцы дæр дзы Туркманы уд рæвдауы йæхи хуызи.

Уæвгæ, хъæдæрмæджы куыст сывæллоны бонтæй чи кæны, уый æндæр хуызы æнкъары дуне. Туркманы куыстытæ фенæн ис Ирыстоны бирæ аргъуанты. Уыцы хуызы куыстмæ йæ зæрдæ хæстæгдæр у.

Аивæдты училищайы рауагъдон. Ацы бон мысы йе *мкъурсонты уæлмонц æнкъарæнтимæ. Цыма йын уыдон дæр хъару дæттынц йе сфæлдыстадон монцтæ фылдæр кæнынæн.

Туркманы куыстытæ хицæн кæнынц сæ лæмбынæг лыстæг хъуыддæгтæй. Уæдæ æнæ националон нисаниуæгæй та йын дзы иу дæр нæй. Куыд зæгъы, афтæмæй æрдз йæхæдæг аразы адæймаджы, æрмæстдæр фæхъæуы уд байгом кæнын ног хъуыддагæн.

Дыгуры районы кадджындæр хистæртæй иу, Гуæздæрты Туркман тынг разы у, йе сфæлдыстадон æрхъуыды йын царды рауадзынмæ  цы адæм баххуыс кæны, уыдонæй. Ныр Туркман æнхъæлмæ кæсы Дигорайы йын кæй бантысдзæн сæрмагонд къорд байгом кæнын æмæ дзы сывæллæтты зонгæ кæндзæн хъæдимæ куысты сусæгдзинæдтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania