филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 воскресенье, 01 февраля 2026
03 января 2024, 16:07
Ирыстоны хъæздыгдзинад национ нывæфтыды хуызы равдисын

Ис ын сæрмагонд нысаниуæг, фæлæ цы хъуыды вдисы, уый алкæйы бон бамбарын нæу

Ирыстоны хъæздыгдзинад национ нывæфтыды хуызы равдисын. Ис ын сæрмагонд нысаниуæг, фæлæ цы хъуыды вдисы, уый алкæйы бон бамбарын нæу. Цæмæй орнаменты истори сæфт ма уа, уый тыххæй фæллой кодтой æмæ кæнынц не мзæххонтæ. Æмбырд кæнынц æрмæджытæ.

Ирд нывтæ ивынц кæрæдзийы. Æмæ алкæцыйыл дæр хуымæтæджы ныв нæй, фæлæ æнæхъæн истори. Бирæ азты дæргъы цы истори ахуыр кодтой, уый. Ацы чиныг у Андиаты хо æмæ æфсымæры фæллойы вдисæн. Лыстæг хабæрттæ иууылдæр æмбырд кодтой бæстонæй, кастысты республикæйы алы къуыммæ дæр.

Фæллой кодтой Фыдыбæстæйы тыххæй. Архайдтой, цæмæй ирон нывæфтыдæн йæ истори сæфт ма уа, ууыл. Рæстæг йæ кæнон кæны, æмæ Андиатæ цы чиныг сарæзтой, уый базæронд. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ дзы пайда кæнынц абон дæр. Зæгъæм, цымыдисаг у Засеты Болаты зонгæ Хъозыты Тамарæйæн дæр.

Национ орнамент канд Ирыстоны рæсугъддзинад не вдисы, фæлæ ма æргом кæны арф хъуыды. Æмæ йæ фенæн ис нæ алыварс дæр – куклаты национ уæлæдарæсы, хъæдæрмæгæй куыстыты, æлыгæй мигæнæнты æмæ афтæ дарддæр. Æмæ орнамент цы хъуыды вдисы, уый бамбарын алкæйы бон нæу. Ам хъæуы истори зонын æмæ архивтимæ кусын. Уыцы куыст кодта Хъантемыраты Эльбрус. Бирæ азты фæллой кодта, цæмæй ирон нывæфтыды тыххæй чиныг рауадза, ууыл. Фæндыд æй, цæмæй равдиса Ирыстоны хъæздыгдзинад æмæ радзура Вардашаты Аминæты царды тыххæй. Сылгоймаджы дæр хуымæтæджы нæ равзæрста. Уыдис, национ орнаменты истори фыццаг æмбырд кæнын чи райдыдта, уыдоны хсæн.

Чиныг сси национ хæзна. Фæлæ йæ царды кæй рауагътой, уый фенын Эльбрусæн  нал бантыст.

Ныридæгæн рауагътой чиныджы цалдæр экземпляры. Фæлæ сыл хъæуы бакусын. Уымæн та, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фаг кæнынц фæрæзтæ. Фæлæ Хъантемыраты Эльбрусы хиуæттæ зæдæ дарынц, йæ фæллæйттæ рохуаты кæй нæ баззайдзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania