05 января 2023, 20:04
Ирыстоны хъарм рæстæг кæй хæссы, уый аххосæй бирæ бæлæстæ дидинæг ракалдтой
Æнгуз бæласыл дæр фæзынд къуыбæрттæ, цым æмæ иннæ дыргъ бæлæстæ дæр базмæлыдысты
Ирыстоны хъарм рæстæг кæй хæссы, уый аххосæй бирæ бæлæстæ дидинæг ракалдтой. Æнгуз бæласыл дæр фæзынд къуыбæрттæ, цым æмæ иннæ дыргъ бæлæстæ дæр базмæлыдысты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг куы нæ фæуазæлттæ кæна, уæд зайæгойтæ хъыгдард баййафдзысты. Дидинджытæ фæзынд суанг тæгæр бæлæс æмæ донхæрисыл дæр. Фæлæ биологты хъуыдымæ гæсгæ ацы бæлæстæ уазæлттæн фæразондæр сты. Ацы боныхъæды аххосæй гæнæн ис æмæ бæлæстæ рынчын дæр фæуой. Цæмæй зайæгойтæ рагагъоммæ дидинæг ма ракалой, уый тыххæй сæ хъæуы чъырæй сцæгъдын, зæгъынц специалисттæ.
темæмæ гæсгæ




