филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:29 суббота, 18 мая 2024
18 июля 2023, 12:02
Ирыстоны кадджын хъæбултæй иу Хъамболты Игорь, йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, фæмард Запорожьейы облæсты

Игоры цард аскъуыд майы

Хъæбатыры хæстон фæндаг… Батальон «Сæрмæт»-ы æфсæддон, Ирыстоны кадджын хъæбултæй иу Хъамболты Игорь, йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, фæмард Запорожьейы облæсты. Игоры цард аскъуыд майы. Фæци минæты æхстыты бын, йе 35-æм азы гуырæнбонмæ ма дыууæ мæйы куы баззад, уæд. Хъæбатырæн, йæ амæлæты фæстæ, лæвæрд æрцыд Лæгдзинады Орден. Цавæр æнкъарæнтæ ис уый фæдыл Игоры хæстæджытæм, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Хъамболты Игорь хъæбатырæй фæмард майы, минæты æхстыты бынмæ. Хæрзæгъдау фырт, аудæг бинойнаг æмæ фыд. Бинонты хуызистыты альбомы æнæхъæн цард, иу уысмы хуызæн. Уыцы хъæлдзæг æмæ амондджын бонтæ баззадысты æрмæстдæр къамты.

 Саби уæвгæйæ, Игорæн йæ бæллиц уыд стыр футбол. Алкæмæн дæр уыд уарзон адæймаг. Уымæн æмæ уыд æргомзæрдæ, стæй ма-иу йе ххуыс дæр никуы бавгъау кодта. Фæллойуарзаг лæппуйæ схъомыл, – зæгъынц йæ сыхæгтæ. Фронтмæ ацæуыны размæ, Игорь сфæнд кодта йæ фыды хæдзары бындурон цалцæг скæнын. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы фæндтæ йæ къухы нал бафтыдысты.

Хъамболты Игорь сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ тырныдта фронтмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хиуæтты нæ фæндыд, æмæ йын архайдтой йæ хъуыды аивыныл. Уымæн æмæ бинонтæ уыйразмæ баныгæдтой сæ хистæр фырты. Сæ зæрдæ дардтой кæстæр фырт Игорыл. Сентябры сæм æрбацыд гæххæтт. Æмæ Заводскойы поселокæй фронтмæ ацыд 100 лæппуйæ фылдæр.

Ацы мæй хъуамæ Игорыл сæххæст уыдаид 35 азы. Хъæбатыр æфссæддон службæ кодта батальон «Сæрмæт»-ы. Телефонæй -иу куы рбадзырдта, уæд бирæ дзурын нæ уарзта. Афтæмæй архайдта йæ хиуæтты æмæ хæстæджыты хъахъхъæныныл. Суанг йæ лæгдзинады дæнцæгты тыххæй дæр Игорь йæ бинонтæн никуы радзырдта.

 Маргаритæйы телефоны ис, йæ бинойнаг ын кæй æрвыста, уыцы къамтæ æмæ видеоæрмæг. Афæдзы рдæгæй фылдæр кæрæдзийы нæ федтой, æмæ-иу сæ зæрдæбын ныхас уыд ахæм видеоæрмæджы фæрцы. Фæстаг хъусынæгнинаг уыд Запорожьейы фронтæй.

 Йæ амæлæты боны агъоммæ Игорь уыд уæлдай æргомзæрдæ, – зæгъынц йæ хæстæджытæ. Раст цыма цыдæр æмбæрста, уыйау.

 Майы Игоры цард аскъуыд украинаг террористты æхстыты бынмæ. Афтæмæй æнæ фыдæй баззадысты 2 сывæллоны.

Комкоммæ дзураг, ныфсхаст æмæ æргомзæрдæ æрыгон нæлгоймаг. Зæгъæн ис, æмæ царди æцæг хъæбатырты æмæ фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæстæг. Афтæ-иу дзырдта – Æз куы нæ уон, уæд чи? Уый уыд йæ царды девиз. Йæ сæр бæрзæндты хаста йæ хистæр фæлтæры минæвæрттæй. Уыдон дæр сæ рæстæджы стыр лæгдзинад æвдыстой æмæ æххæст кодтой сæ граждайнаг хæс.

Хъамболты Игорь йæ уæгъд рæстæг архайдта йæ бинонтимæ рвитыныл. Ныр йæ дыууæ фырты цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц сæ фыды къамтæ æмæ хæстон хæрзиуджытæ. Уæлдай тынгдæр зæрдæйы хъары сæ фæстаг фембæлд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania