филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 вторник, 16 декабря 2025
04 января 2013, 17:43
Ирыстоны медицинон академийы Замира Астахова хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намыс»-ы майданæй

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ахуыргонд, медицинон наукæты профессор, – Замира Астахова хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намыс»-ы майданæй.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ахуыргонд, медицинон наукæты профессор, – Замира Астахова хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намыс»-ы майданæй.

Академийы ахуыргæндты советы Замира Астаховайæн ацы стыр хæрзиуæг радта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Йæ ныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй Замира Астаховайæ республикæйы чи нæ зоны, ахæм адæймаг нæй. Йæ зонындзинæдтæ никуы бавгъау кодта. Искæй йе ххуыс бахъуыд зæгъгæ, уæд, цыфæнды афон дæр æрбалæудзæн йæ фарсмæ. Дохтыр уæвгæйæ, рынчынты сдзæбæх кæнынмæ цыд алы хъæумæ, алы горæтмæ… Йæ дæсныйад зонгæ у канд Ирыстоны нæ, фæлæ æгас Кавказы дæр. У «УФ-йы сгуыхт дохтыр», «Цæцæны æмæ Мæхъæлы автономон республикæйы сгуыхт дохтыр». Замира Астахова у 70 наукон куысты автор. Абон дæр кусы æмæ фидæны дохтырты ахуыр кæны ацы ахсджиаг куысты сусæгдзинæдтыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania